Фыдыбæстæ хъахъхъæнджыты Мысæн боны охыл Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад арвыста нотæ Республикæ Абхазы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрадмæ.
Сæрмагондæй, нотæйы дзырдæуы:
«1992 азы майрæмты мæйы 14-æм бон цы трагикон цаутæ райдыдтой, уыдон абхазаг адæмы зæрдæты æнустæм баззайдзысты æнæбайгас хъæдгомæй. Тугæйдзаг тохы хъайтардзинад, патриотизм равдисгæйæ, Апсныйы адæм бахъахъхъæдтой сабырæй, сæрибарæй цæрыны бар.