Новости

Archive
Игорь Муратович Ахба

Стыр хъыгзæрдæимæ райстам Абхазы паддзахадон æмæ политикон архайæг, абхазаг адæмы аккаг фырт æмæ патриот, ирд æмæ принципиалон дипломат, Хуссар Ирыстоны æмæ хуссарирыстойнаг дипломатон службæйы стыр хæлар, Абхазы фыццаг Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын Минæвар Уæрæсейы Федерацийы Игорь Мураты фырт Ахбайы цардæй æнæрæстæджы ахицæны охыл цау.

Игорь Мураты фырты номимæ Абхазы нырыккон историйы баст у æнæхъæн эпохæ. Йæ цардвæндаг æппæтæй дæр снывонд кодта йæ адæм æмæ йæ Фыдыбæстæйы хæрзиуæгæн, кæцыйы интерестæ хъахъхъæдта æрвылбон дæр.

Майрæмты мæйы 14-æм бон, 1992-1993 азты Абхазы адæмы Фыдыбæстæйон хæсты охыл Цхинвалы Сыгъдæг Мады Майрæмы Райгуырды аргъуан æмæ Сыгъдæг Æртæиуоны аргъуаны ацыдысты фæмард Фыдыбæстæ хъахъхъæнджытæ æмæ цæрджыты рухс нæмттыл службæтæ.

А.М. Джиоев и О.М. Барциц

Фыдыбæстæ хъахъхъæнджыты Мысæн боны охыл Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар арвыста нотæ Республикæ Абхазы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр О.М. Барцицмæ.

Сæрмагондæй, нотæйы дзырдæуы:

Презентация монографии Людвига Чибирова «Алания–Осетия и Дагестан»

Майрæмты мæйы 12-æм бон Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар хайад райста историон зонæдты доктор, профессор, Уæрæсейы Федерацийы зонæдты сгуыхт архайæг Цыбырты Людвигы монографи «Алания – Осетия и Дагестан»-ы презентацийы, кæцы ацыд Анахарсисы номыл Национ библиотекæйы конференц-залы.

Авторы ныхæстæм гæсгæ, куыст у Ирыстон æмæ Дагестаны 'хсæн историон æмæ культурон ахастыты размæдзыд бæстонæй сбæрæг кæныны фæлварæн.

МИД Южной Осетии

Нæ хъус æрдардтам Гуырдзыстоны премьер Кобахидзейы радон фидиуæнмæ, кæцыйы нысан кæны уый, æмæ цалынмæ Мæскуы нымайы Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы хæдбардзинад, уæдмæ Тбилис кæй нæ хъавы Уæрæсеимæ дипломатон ахастытæ сног кæнын.

Нысан куыд цыд, афтæмæй фæстаг бонты Гуырдзыстоны хицауад иу æмæ дыууæ хатты нæ рыздæхт Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы темæмæ – сæрмагондæй, 2008 азы майрæмты мæйы цаутæ æмæ сæ аххосæгтæм.

Майрæмты мæйы 7-8 бонты Республикæ Хуссар Ирыстоны делегаци РХИ-йы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады Æвзонг дипломатты советы Сæрдар Гаглойты Иосифы сæргълæудæй хайад райста Æхсæнадæмон форум «Æвзонг Абхази»-йы Сухумы, кæцы сарæзта фæсивæдон æхсæнадон-политикон змæлд «Æвзонг Абхази».

Гаглойты И. раарфæ кодта форумы организатортæ æмæ уазджытæн æмæ бузныджы ныхæстæ загъта мадзалы хайад райсыны фадаты тыххæй, афтæмæй ма бахахх кодта, фæсивæдæн ахæм фæзуаттæ фадат кæй дæттынц сæ хайбавæрд иумæйаг хъуыддагмæ бахæссынæн.

А.М. Джиоев

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар радта интервью индонезиаг рауагъд «Lentera Merah»-æн, кæцыйы радзырдта хуссарирыстойнаг паддзахады райрæзты истори æмæ Хуссар Ирыстоны æддагон политикæйы ахсджиагдæр здæхтытæ, афтæмæй ма бæстонæй æрдзырдта ирон традицитæ æмæ культурæйы фæдыл, цæмæй индонезиаг кæсджыты базонгæ кæна Хуссар Ирыстонимæ. 

Интервью бакæсæн ис ам:

Гуырдзыстоны ФХъМ сарæзта радон æнаипп фидиуæн «2008 азы уæрæсейаг-гуырдзиаг хæстæй 18 азы рацыды» охыл, цыран æрсидт Уæрæсемæ, цæмæй ссæрибар кæна «йæ территориты æнæзакъонæй оккупаци».

Сыхаг паддзахады æддагполитикон уагдонæн радон хатт йæ хъус дарæм, бар кæй нæй бæлвырд факттæ зыгъуыммæ кæнын. НАТО-йы бæстæтæ Хуссар Ирыстоны 'рдæм агрессийы тыххæй цы дзурынц, уый фæлхатгæнгæйæ, гуырдзиаг ФХъМ дарддæр кæны йæ адæм æмæ дунеон æмæхсæнад дезинформаци кæнын.

Майрæмты мæйы 8-æм бон, Гуырдзыстоны ‘рдыгæй Хуссар Ирыстоны ныхмæ хæстон агрессийæ æстдæс азы рацыды охыл мысæн мадзæлттæ ацыдысты Республикæйы æдде дæр.

Мæскуыйы Ирвæзынгæнæг Чырыстийы Аргъуаны ссардтой гуырдзиаг агрессийы рæстæджы фæмардуæвæг Хуссар Ирыстоны цæрджыты рухс нæмттæ, афтæмæй ма Цхинвалы хъахъхъæнджыты, ирон æмæ уæрæсейаг Фидауынгæнæг тыхты хæстонты, уæрæсейаг æфсады солдаттæ æмæ офицерты рухс нæмттæ, кæцытæ сæ царды аргъæй хъахъхъæдтой Хуссар Ирыстоны.

Майрæмты мæйы 8-æм бон Сухумы æхсæнадæмон форум «Æрыгон Абхаз»-ы фæлгæтты ацыд Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын Минæвар Республикæ Абхазы Астамур Кацияйы фембæлд змæлд «Æрыгон Абхаз»-ы минæвæрттимæ.

2008 азы майрæмты мæйы цаутæ сæ зæрдыл кæй дарынц, уый фæдыл А. Кация бузныджы ныхæстæ загъта змæлды минæвæрттæн, афтæмæй ма бахахх кодта, ацы бонты 18 азы размæ Хуссар Ирыстоны адæм кæй бахъахъхъæдтой сæ сæрибар æмæ хæдбардзинад.

Цалынмæ Хуссар Ирыстоны 2008 азы майрæмты мæйы гуырдзиаг хæстон агрессийы амæттæгты номыл мысæн мадзæлттæ цæуынц, уæдмæ НАТО-йы бæстæтæн фæзынд иумæйаг фидиуæн, цыран нысан кæнынц, ома, Уæрæсе йæхи цæттæ кæны Хуссар Ирыстоны аннексимæ.

Бритайнаг хицауады сайтыл Великобритани, Франци, Германи æмæ Италийы номæй мыхуыргонд документы «коллективон Ныгуылæн» радон хатт бафæлвæрдта факттæ сзыгъуыммæ кæнынмæ, уый нымæцы Тальявинийы къамисы куысты фæлгæтты сæхæдæг европæйæгтæ цы сфидар кодтой, уыдон дæр.

Памятные мероприятия, посвященные 18-й годовщине начала военной агрессии Грузии против Южной Осетии

Майрæмты мæйы 7-8 бонты Республикæ Хуссар Ирыстоны цæуынц Хуссар Ирыстоны ныхмæ Гуырдзыстоны хæстон агрессийæ æстдæс азы рацыды охыл мысæн мадзæлттæ.

Майрæмты мæйы 7-æм бон мемориалон комплекс «Хуссар Ирыстоны хъахъхъæнджытæн»-ы раз ацыд мысæн церемони, кæцыйы рæстæджы акцийы хайадисджытæ сæвæрдтой дидинтæ мемориалмæ æмæ фæмардуæвджыты рухс номыл ссыгътой цырæгътæ.

Майрæмты мæйы 8-æм бон Сыгъдæг Мадымайрæмы Аргъуан æмæ Сыгъдæг Æртæиуоны аргъуаны майрæмты мæйы хæсты амæттæгты номыл ацыдысты мысæн службæтæ.