Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсары Мæскуыйы Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы æддагполитикон уагдæтты 'хсæн Консультациты пъланы реализацийы фæлгæтты фембæлдтыты фæдыл

МИД Южной Осетии

Джеоргуыбайы мæйы 2-3 бонты Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы æддагполитикон уагдæтты 'хсæн Консультациты пъланы реализацийы фæлгæтты Мæскуыйы ацыдысты Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсары фембæлдтытæ СНГ-йы Бæстæты Дыккаг Департаменты, Латиноамерикаг Департаменты, Æввахс Скæсæн æмæ Цæгат Африкæйы Департаменты, афтæмæй ма Уæрæсейы ФХъМ-йы Цыппæрæм Департаменты Бæстæты къухдариуæгадимæ. 

Фембæлдтыты рæстæджы хъуыдытæ загъдæуыд дывæрсон фарстаты фæдыл. Уæрæсейаг коллегæтæ æрдзырдтой сæ куысты цыдыл, уый нымæцы фæсарæнты дæр, æмæ банысан кодтой нырыккон æхсæнадæмон политикæйы актуалон фарстатæ. 

Хуссарирыстойнаг фарсæй фембæлдтыты хайад истой Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын Минæвар Боливариайнаг Республикæ Венесуэлæйы Козаты Нарим, Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министры Уынаффæгæнæг Тадтаты Сергей, Уæрæсейы уæвæг Республикæ Хуссар Ирыстоны Минæварады Уынаффæгæнæг Денис Долгушев. 

2026 азы джеоргуыбайы мæйы 3-æм бон

03.11.2026