Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады Минæвары комментари Гуырдзыстоны ФХъМ-йы сæрдары хæдивæгы раныхасы фæдыл

Кæфты мæйы 29-æм бон Гуырдзыстоны фæсарæйнаг хъуыддæгты министры хæдивæг Хатуна Тотладзе хайад райста ИНО-йы Æхсæнадæмон тæрхондоны доклады фæдыл дискуссийы. Йæ раныхасы æрдзырдта Хуссар Ирыстон æмæ Абхазимæ баст фарстатыл. 

Цытджын Тотладзе радон хатт банысан кодта афтæ хуыйнæг «гуырдзыстоны территориты» оккупацийы фæдыл тезистæ æмæ стыр тыхстдзинад равдыста «Уæрæсейы ‘рдыгæй Гуырдзыстоны абхазаг æмæ цхинвалы регионты æнæзакъонæй оккупацийы фæстиуæгæн адæймаджы бартæ фехалын»-ы фæдыл. Тотладзе ногæй ницы фехъусын кодта æмæ бæрндзинад иууылдæр сæвæрдта Уæрæсейы Федерацийыл.

Официалон Тбилисы ахæм здæхт зæрдыл лæууын кæны «политикон цухдзинад» æмæ уæвæг æцæгдзинад райсынмæ æдзæттæдзинад. Æхсæнадæмон фæзуаттæй сæрибарæй раныхас кæныны бартæй пайдагæнгæйæ, гуырдзиаг хицауад ферох кодта йæ комкоммæ бæрндзинад æмæ дунеон æмæхсæнады рæгъмæ дарддæр дæр хæссы æнæраст информаци. 

Хъыгагæн, гуырдзиаг къухдариуæгад æмæ йе 'ддагполитикон уагдон хæст сты æнæфæстиуæгджын позицийыл. 

2026 азы кæфты мæйы 31-æм бон

31.10.2026