Джеоргуыбайы мæйы 2-3 бонты Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы æддагполитикон уагдæтты ‘хсæн Консультациты пъланы реализацийы фæлгæтты Мæскуыйы ацыдысты РХИ-йы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсары фембæлдтытæ Уæрæсейы ФХъМ-йы минæвæрттимæ – Хæдбар Паддзахадты Æмхæларады (ХПÆ) бæстæты 2-аг департаменты, Латиноамерикаг департаменты, афтæмæй ма Æввахс Скæсæн æмæ Цæгат Африкæйы департаменты æмæ ХПÆ-йы бæстæты 4-æм департаменты къухдариуæгадимæ. Ацæугæ консультациты, Фæскавказы æдасдзинады фæдыл æхсæнадæмон дискусситы радон раунд, Сири, Никарагуа, Венесуэлæ æмæ Приднестровьеимæ ахастыты фæдыл министр радзырдта «Sputnik»-æн.
Мæскуыйы консультациты формат
Мæскуыйы фембæлдтытæ ацыдысты Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы ФХъМ-йы 'хсæн 2025 азы кæфты мæйы бафыстгонд Консультациты пъланы, афтæмæй ма Хуссар Ирыстоны Президент Хъамболты Мараты бардзырдты фæлгæтты.
«Джеоргуыбайы мæйы 2-3 бонты ацыдысты радон консультацитæ Латинаг Америкæйы æмæ Æввахс Скæсæны бæстæты фарстатыл, белоруссаг здæхтыл, Приднестровьейы здæхтыл цы департаменттæ кусынц, афтæмæй ма ХПÆ-йы Цыппæрæм департаменты къухдариуæгадимæ, кæцы кусы Хуссар Ирыстон, Абхаз æмæ æмтгæй райсгæйæ Фæскавказы фарстаты фæдыл. Консультацитæ баст сты куыд Фæскавказы æдасдзинады фæдыл æхсæнадæмон дискусситимæ, афтæ Женевæйы дискусситимæ дæр», - загъта министр.
Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы ФХъМ-йы ‘хсæн ныры Консультациты пълан бафыстгонд æрцыд ацæугæ азы кæфты мæйы; йе 'мгъуыд куы фæуа, уæд документ æрцæудзæн фыст ногæй. Джиоты Æхсар бузныджы ныхæстæ загъта Уæрæсейы ФХъМ-йы Сæрдар Сергей Лавровæн æмæ УФ-йы ФХъМ-йæ уæрæсейаг коллегæтæн конструктивон куысты фæдыл.
Дыууæ министрады 'хсæн ахастыты ноджы иу здæхт – дипломатты квалификаци фæуæлдæр кæныны фæдыл курсытæ, кæцытæ цæуынц Уæрæсейы ФХъМ-йы ÆАМПИ (У) Дипломатон академийы бындурыл – ацы бонты фæуд кæны курсыты радон цикл, банысан кодта Министр. Йæ ныхæстæм гæсгæ, республикæйы ФХъМ архайы, цæмæй «ацы процессы хайад исой æндæр уагдæттæ дæр».
Фæскавказы æдасдзинады фæдыл Женевæйы æхсæнадæмон дискусситæ
Джиоты Æхсары хъуыдымæ гæсгæ, женевæйы формат у иунæг ахæм æхсæнадæмон фæзуат, цыран Хуссар Ирыстонæн дунеон æмæхсæнадмæ йæ позици хæццæ кæныны фадат ис. Сæйраг темæтæ сты дыууæ: æдасдзинад æмæ гуманитарон фарстатæ. Фæлæ ахсджиагдæр – æдасдзинад. Æнæмæнг у, цæмæй Гуырдзыстоны 'рдыгæй фыст æрцæуа Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы территорыл тыхæй ма спайда кæныны фæдыл юридикон хæсджынгæнæг документ. Дискусситы радон 68-æм раунд ацæудзæн джеоргуыбайы мæйы фыццæгæм хай.
«Хъыгагæн, нæ юридикон оппонентты 'рдыгæй къахдзæфтæ арæзт нæ цæуы, фæлæ нæ делегаци ацы фадыджы дарддæр кæндзæн активон куыст. Ныфс мæ ис, æмæ куыд фæстагмæ æрцæудзыстæм æвæрццаг хатдзæгмæ. Бæрæг у, æмæ цалынмæ æдасдзинады фарстатæ 'рцæуой скъуыддзаг, уæдмæ баныхæсты фадыджы æндæр фарстатæ размæ кæнын нæ бон не суыдзæн – алцы дæр бындуриуæг кæны æдасдзинадыл», - бахахх кодта министр.
Джиоты Æхсар банысан кодта, цалдæр раунды рæстæджы уæрæсейаг коллегæтæ кæй æвæрынц фарста, цæмæй æхсæнадæмон дискусситы фæзуат Женевæйæ æрцæуа хаст, уымæн æмæ йæ нейтралон статусмæ нæкæсгæйæ, Швейцари «ацы принциптыл бирæбæрцæй нал у хæст».
«Дзырд цæуы ууыл, æмæ Евроцæдис Уæрæсейы ныхмæ цы æнæзакъонæй санкцитæ рахæссы, уыдонмæ рæстæгæй рæстæгмæ æрбаиу вæййы Швейцари дæр. Махмæ уый æвзарын кæны тыхстдзинад, уымæн æмæ баныхæстæ цы фæзуатыл цæуынц, уый хъуамæ уа нейтралон», - нысан кæны министр.
Уымæй дарддæр ма, 2026 азы рухæны мæйы Швейцарийы ацыд «æнæивгæ нейтралитет»-ы фæдыл референдум. Йе 'вварс куы рацыдаиккой, уæд сфидар уыдаид конституцийы æмæ ИНО-йы Æдасдзинады Советы санкциты йеддæмæ бар нал уыдаид æндæр санкцитæм æрбаиу кæнынæн, афтæмæй ма æндæр бæстæтæ æмæ организацитимæ хæстон æмгуыстадæн. Инициативæйыл не сразы цæрджыты 70%. Джиоты Æхсары ныхæстæм гæсгæ, уый нын радон хатт æвдисы, Швейцари кæй адард «нейтралитеты сфидаргонд принциптæй».
Цыппæрæм департамент æмæ Уæрæсейы позици
Уæрæсейы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады ацыд цалдæр фембæлды, сæ иу – СНГ-йы 4-æм департаменты къухдариуæгадимæ, кæцы кусы кавказаг здæхты æмæ скъуыддзаг кæны фарстатæ Армени, Азербайджан, Гуырдзыстон, Абхази æмæ Хуссар Ирыстоны фæдыл.
«Кæй зæгъын æй хъæуы, нæ уæрæсейаг партнертæн ахсджиаг у, цæмæй регионы æмæ, сæрмагондæй та, Хуссар Ирыстоны, сабырад, стабилондзинад æмæ æдасдзинад хъахъхъæд цæуой. Уæрæсейы официалон позици у æнæивгæ. Уый иу æмæ дыууæ хатты не 'рцыд нысангонд алыхуызон æмвæзадтыл, уый нымæцы æппæты бæрзонддæрыл дæр, æмæ 2008 азы майрæмты мæйы Уæрæсе цы уынаффæтæ райста, уыдонæн фæивæн нал ис», - бахахх кодта Джиоты Æхсар.
Æввахс Скæсæн æмæ Сири
Æввахс Скæсæны регион, кæцыйы Хуссар Ирыстонæн хъарм ахастытæ ис Сириаг Араббаг Республикæимæ, абоны бон нæу стабилон. Дзырд цæуы Иран æмæ Америкæйы Иугонд Штатты 'хсæн конфликтыл, Израилы ахастытыл араббаг бæстæтимæ, Ливан æмæ Сириимæ.
«Нæ уæрæсейаг коллегæты æххуысæй махмæ вæййы объективон æмæ актуалон информаци регионы уавæры фæдыл. Тырнæм, цæмæй бастдзинæдтæ дарæм нæ сириаг коллегæтимæ дæр. Æрæджы ныхас кодтон сириаг дипломаттимæ, кæцытæ абоны бон лæууынц Мæскуыйы уæвæг Сирийы дипмиссийы сæргъ», - бахахх кодта министр.
Джиоты Æхсары ныхæстæм гæсгæ, регионы æндыгъд уавæрмæ нæкæсгæйæ, сириаг хицауад здæхт сты «раздæры хицауады» политикон уынаффæтæ бахъахъхъæнынмæ.
«Сирийæн уыцы къахдзæф æнцон нæу, уымæн æмæ йыл, куыд æй зонæм, ис Евпропæйы 'рдыгæй æндæвдад. Фæлæ уавæр ныртæккæ у афтæ, куыд уыд 2018 азы, Сири куы банымадта Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад, уæд», - банысан кодта министр.
Латинаг Америкæ
Хицæнæй æрдзырдæуыд ахастытыл латиноамерикаг партнертимæ – Никарагуа æмæ Венесуэлæимæ. Сæрмагондæй, Джиоты Æхсар банысан кодта, ахастытæн Никарагуаимæ кæй ис тынг хорз здæхт: комкоммæ æвдисы, кæй ис Хуссар Ирыстоны 'вварс æмæ уыд дыккаг бæстæ Уæрæсейы Федерацийы фæстæ, кæцы 2008 азы банымадта Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад.
«Кæрæдзимæ дард кæй стæм, уымæ нæкæсгæйæ, ахастытæ уæддæр сты бæрзонд æмвæзадыл. Æрæджы нæ фембæлд минæвар Альба Торресимæ уымæн æвдисæн. Махæн, Хуссар Ирыстонæн, Никарагуаимæ ахастытæ размæ кæнын у æнаивгæ... Æмбарæм æй, кæй у æндæр континет, æмæ уый фæдыл арæхдæр фембæлдтытæ ацæуынц Мæскуыйы – уый нымæцы нæ никарагуайаг æмгæрттæ æмæ сæ делегацитимæ дæр», - загъта министр.
Венесуэлæйыл куы дзурæм, уæд банысан кæндзыстæм уый, æмæ бæстæйы уавæр у æндыгъд, фæлæ Каракас æмæ Цхинвалы ‘хсæн ахастытæ дарддæр цæуынц.
«Ам дæнцæгæн æрхæсдзынæн Уæрæсейы æмæ Хуссар Ирыстоны уæвæг Венесуэлæйы минæвар Хесус Саласар Веласкесы хайадист Цхинвалы рухæны мæйы 30-æм бон инаугурацийы. Афтæмæй ма инаугурацийы хайад райста Никарагуайы ФХъМ-йы министр. Æмбарæм æй, æмæ Венесуэлæйы ныртæккæ ис фæлдзæуæн дуг, æмæ тагъд рæстæджы уыдзысты президенты æвзæрстытæ, фæлæ ацы бæстæ махæн у ахсджиаг. Тырнæм, цæмæй ацы ахастытæ рæзой æмæ размæ цæуой», - дзуры министр.
Приднестровье æмæ Белорусси
ХПÆ-йы дыккаг департамент, кæцыйы къухдариуæгадимæ æмбæлд Джиоты Æхсар, кусы Белорусси, Украинæ, Молдовæ æмæ Приднестровьейы фарстатыл дæр. Хуссар Ирыстонæн ацы регионы ахсджиагдæр у Приднестроваг Молдаваг Республикæ, кæцыимæ ахастытæ рæзынц 1990-æм азтæй фæстæмæ. Фæндагимæ ис зындзинæдтæ: Приднестровье æмарæн у Украинæ æмæ Молдовæимæ, æмæ молдаваг къухдариуæгад та цæлхдуртæ аразынц уæрæсейаг дипломаттæн, уый та у Дипломатон ахастыты фæдыл Венæйы конвенцийы ныхмæ, бахахх кодта министр.
«Æввахс рæстæджы Приднестровьейы дæр уыдзысты президенты æвзæрстытæ. Красносельский у Президент дыууæ æмгъуыды, афтæ Приднестровьейы Конституцимæ нал ис гæнæн. Нæ информацимæ гæсгæ, Красносельскийы кандидатурæ ног æмгъуыдмæ хаст нал æрцæудзæн. Ныфс нæ ис, æмæ æвзæрстытæ ацæудзысты Приднстровьейы закъон æмæ æмтгæй райсгæйæ ПМР-йы Конституцимæ гæсгæ», - загъта Джиоты Æхсар.
Министры ныхæстæм гæсгæ, Беларусь дæр у «цымыдисон здæхт».
«Хъыгагæн, ныма политикон бастдзинæдты тыххæй дзурын раджы у, фæлæ ис æндæр здæхтытæ, кæцытæ дарддæр цæудзысты. Бæрæг бæлвырд бастдзинæдтæ ис Æмцæдисон Паддзахады хаххыл. Æввахс рæстæджы уыдзæн фембæлд Уæрæсе æмæ Белоруссийы Парламентон Æмбырды форматы. Ам ахсджиаг у банысан кæнын, нæ парламент 2008 азы кæфты мæйæ фæстæмæ кæй у ацы форматы æдзухон цæстдарæг», - радзырдта министр.
Хуссар Ирыстон дарддæр кæндзæн культурон, гуманитарон æмæ спортивон ахастытæ Белоруссиимæ куыд Æмцæдисон паддзахады форматы, афтæ хицæнæй дæр. Министр бахахх кодта, политикон здæхтимæ иумæ, ацы фадгуытæн дæр кæй ис стыр ахсджиагдзинад, уымæн æмæ «партнертæн бирæ цыдæртæ ис радзурын культурæ, спорт æмæ æндæр гуманитарон фадгуыты уылтыл».
ФХъМ-йы сæйрагдæр хæстæ
Джиоты Æхсары ныхæстæм гæсгæ, куыд æндæр политикон уагдон, афтæ ФХъМ дæр у консервативон – йæ сæйраг хæстæ æмæ здæхтытæ нæ ивынц. Гæнæн ис æмæ ивой, æххæст кæной æрмæстдæр сæ арæзтады хуыз.
«Нæ сæйраг хæс – æддагон сабырадон уавæртæ саразын, Хуссар Ирыстон размæдзыд, æмархайд бастдзинæдтæн алыхуызон фадгуыты: экономикæ, культурæ, спорт, дзыллон информацийы. Мах цæттæ стæм æмархайд æмæ æххуысмæ. Уый фæдыл нæ сæйраг хæс нæ ивы. Ивынц фæрæзтæ æмæ хуыз», - банысан кодта министр.
Кæронбæттæны министр загъта, Хуссар Ирыстоны ФХъМ кæй у консервативон уагдон, фæлæ уыцы консервативондзинад пайда кæй цæудзæн ног технологитæ æмæ ног здæхтытимæ.