Республикӕ Хуссар Ирыстоны ныхмӕ Гуырдзыстоны хӕстон агрессийӕ 15 азы рацыды охыл Республикӕ Абхазы Фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министрад рарвыста нотӕ Республикӕ Хуссар Ирыстоны Фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министрадмӕ.
Сӕрмагондӕй, нотӕйы дзырдӕуы:
«Гуырдзыстоны ӕгъатыр ӕрбабырст Хуссар Ирыстонмӕ 2008 азы майрӕмты мӕйы 8-ӕм бон уӕлдай хатт равдыста дунеон ӕмӕхсӕнадӕн Михаил Саакашвилийы фыдгӕнон режимы фӕндтӕ. Хуссар Ирыстоны адӕм сӕ хъӕбулты царды аргъӕй бахъахъхъӕдтой сӕ Фыдыбӕстӕйы сӕрибар ӕмӕ хӕдбардзинад, йӕ фидӕн.