Зæрдæвæрæны мæйы 27-æм бон Тыбылты Алыксандыры номыл Хуссар Ирыстоны Паддзахадон университеты ацыд видеоконференци Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты Министр Джиоты Æхсар æмæ Донецкы уæвæг Уæрæсейы ФХъМ-йы хайадистимæ.
Новости
- Æхсар Мураты фырт, æддагполитикон уагдоны сырæзтæй рацыд 33 азы. Цавæр уыд Хуссар Ирыстоны дипломатон уагдоны райрæзты фæндаг?
- Зæрдæвæрæны мæйы 28-æм бон Хуссар Ирыстоны æддагполитикон уагдоныл æххæст кæны 33 азы æмæ йæ сырæзт æнгом баст у нæ паддзахады райрæзтимæ.
Зæрдæвæрæны мæйы 25-æм бон Боливариайнаг Республикæ Венесуэлæйы ацыдысты парламентон æмæ регионалон æвзæрстытæ. Национ æвзарæн советы хатдзæгтæм гæсгæ Национ ассамблейы 24 бынатæй 23 райста Альянс «Стыр патриотон полюс», кæцыйы сконды ис Венесуэлæйы Иугонд социалон парти.
Æхсæнадæмон цæстдарджытæ куыд банысан кодтой, афтæмæй æвзæрстытæ ацыдысты сабырæй, уагæвæрдмæ гæсгæ.
Арфæ кæнæм Венесуэлæйы æнтысджын æвзæрстыты фæдыл æмæ ныфс дарæм, Хуссар Ирыстон æмæ Венесуэлæйы ‘хсæн ахастытæ дарддæр дæр кæй рæздзысты.
2025 азы зæрдæвæрæны мæйы 27-æм бон
Зæрдæвæрæны мæйы 26-æм бон РХИ-йы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад æмæ РХИ-йы Парламенты командæты ‘хсæн ацыд хæларадон матч мини-футболæй, кæцы сорганизаци кодта Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады цур Æвзонг дипломатты совет.
Командæтæ равдыстой цымыдисон хъазт. Сæйраг рæстæг ахицæн 4:4 хыгъдимæ. Пенальтиты фæстæ 3:1 хыгъдимæ уæлахиздзаутæ систы РХИ-йы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады командæ.
Уæлахиздзаутæ хорзæхджын æрцыдысты зæрдылдарæн кубокæй.
Матчы фæстæ хайадисджытæ кæрæдзийæн бузныджы ныхæстæ загътой хорз хъазты тыххæй.
1992 азы зæрдæвæрæны мæйы 20-æм бон Зары «царды фæндагыл» гуырдзиаг хæстонтæ æмбæхст ранæй æгъатырæй ныццагътой, сæ цард фервæзын кæнынмæ Хуссар Ирыстонæй Цæгатмæ чи лыгъд, уыцы ирон æмбæстæгты.
Ацы æбуалгъ фыдракæнды амæттæгтæ систы 33 æнаххос адæймаджы, уыдоны нымæцы сывæллæттæ, сылгоймæгтæ, зæрæдтæ, кæцытæ мард æрцыдысты ирæттæ кæй сты, æрмæстдæр уый тыххæй.
Республикæ Абхазы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады сырæзтæй 32 азы рацыды цытæн Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар арвыста арфæйы фыстæг Республикæ Абхазы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Олег Барцицмæ.
Сæрмагондæй, арфæйы дзырдæуы:
«Абхазаг дипломатты кæддæриддæр хицæн кæнынц сæ бæстæйыл æнувыддзинад, бæрзонд профессионализм æмæ бæрндзинад. Æддагполитикон уагдоны ацы професси æрбангом кодта бæстæйы æцæг патриотты.
Зæрдæвæрæны мæйы 15-æм бон Ирон æвзаг æмæ литературæйы бæрæгбоны цытæн Анахарсисы номыл Республикон библиотекæйы ацыд интеллектуалон хъазт «Брейн-ринг», кæцы бацæттæ кодта Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады цур Æвзонг дипломатты совет.
Зæрдæвæрæны мæйы 14-æм бон Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар хайад райста Абхазы фыццаг Президент, зынгæ паддзахадон æмæ политикон архайæг Владислав Ардзинбайы райгуырдæй 80 азы рацыды охыл цытджын мадзалы, кæцы сарæзта Республикæ Хуссар Ирыстоны уæвæг Республикæ Абхазы Минæварад.
Зæрдæвæрæны мæйы 14-æм бон Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар хайад райста Республикæйы фыццаг Президент, историон зонæдты кандидат, профессор Цыбырты Людвигы чингуытæ «Ирæтты этногенез æмæ историйы фарстатæ» æмæ «Нæмттæ. Дыккаг чиныг»-ы презентацийы, кæцы ацыд Тыбылты Алыксандыры номыл Хуссар Ирыстоны Паддзахадон университеты.
Чингуытæ уагъд æрцыдысты РХИ-йы Информаци æмæ мыхуыры комитеты рауагъдадон къамисы хъæппæрисæй, æмæ стыр хайбавæрд хæссынц ирон зонад æмæ культурæмæ, дзурынц адæмы истори æмæ этногенезы ахсджиагдæр фарстытыл.
Стыр Фыдыбæстæйон хæсты Уæлахизы бонæй 80 азы рацыды цытæн Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министртæ Джиоты Æхсар æмæ Сергей Лавров рарвыстой кæрæдзимæ арфæйы фыстæджытæ.
Сæрмагондæй, Джиоты Æхсар йæ фыстæджы банысан кодта:
«Зæрдæвæрæны мæйы 9-æм бон у хъæбатырдзинад, æгæрон тых æмæ æфсæддон намыс æвдисæг адæмон бæрæгбон. Абон уæлдай ахсджиаг у Уæлахиздзауты фæлтæры сгуыхтдзинад, Фыдыбæстæйы сæрвæлтау сæ хъæбатырдзинад æдзухдæр зæрдыл дарын, макуы йæ рох кæнын. Нæ сæйрагдæр хæс – Хъайтарты рухс ном аккагæй дарддæр кæнын.
Зæрдæвæрæны мæйы 8-æм бон Цхинвалы Стыр Фыдыбæстæйон хæсты Уæлахизæй 80 азы рацыды бæрæгбоны хæдразмæ ацыд Кады аллейы СФХ-йы азты фæмардуæвджыты цыртдзæвæнмæ Кады гирляндæ сæвæрыны цытджын церемони.
Æрæмбырдуæвджытæ æдзæмæй лæугæйæ ссардтой Стыр Фыдыбæстæйон хæсты быдырты фæмардуæвджыты рухс нæмттæ.
Мадзалы хайад райстой Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар æмæ Министрады кусджытæ.
2025 азы зæрдæвæрæны мæйы 8-æм бон
Зæрдæвæрæны мæйы 5-æм бон Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар хайад райста цытджын церемони – Стыр Фыдыбæстæйон хæсты Фæуæлахизæй 80 азы рацыд æмæ Хуссар Ирыстонæй Советон Цæдисы хъайтарты номыл зæрдылдарæн згъæрæхцаты серийы презентацийы.
Монетæтæ рауагъта Хуссар Ирыстоны Национ банг Президент Гаглойты Аланы хъæппæрисæй.