Боливариайнаг Республикæ Венесуэлæйы ‘рдыгæй Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинады банымадæй 15 азы рацыды цытæн Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар арвыста арфæйы фыстæг Боливариайнаг Республикæ Венесуэлæйы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Иван Хиль Пинтомæ.
Сæрмагондæй, арфæйы дзырдæуы:
«Венесуэлæ ссис, æхсæнадæмон аренæйы Хуссар Ирыстоны фарсмæ фыццаг чи æрбалæууыд, уыцы бæстæтæй иу. Уыцы къахдзæфæй равдыста, хуссарирыстойнаг адæмæн кæй ис сæ фыдæлты зæххыл сæрибарæй æмæ сабырæй цæрыны бар.