Новости

Archive
А.Э. Гаглоев

Зынаргъ хæлæрттæ!

Арфæ уын кæнын Дипломатон кусæджы боны цытæн!

Æддагон политикæ у суверенон æмæ хæдбар паддзахады ахсджиаг иуæг. Зын æмæ ивгæ геополитикон уавæры уæлдай ахадгæ у дунеон аренæйы Республикæ Хуссар Ирыстоны æдасдзинад бахъахъхъæныны фадыджы дипломатон куыст. 

МИД Южной Осетии

Нæ хъус æрдардтам Гуырдзыйы цы радон ныхас æрцыд загъд Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы адæмимæ иу фидæнмæ тырнындзинады фæдыл, уымæ. Ацы хатт та хæдбардзинады бонмæ йæ раныхасы гуырдзиаг премьер-министр Кобахидзе раргом кодта «2030 азмæ ирон æмæ абхазаг æфсымæртæ æмæ хотимæ иугонд æмæ тыхджын Гуырдзыстоны» цæрыны фæдыл «гуырдзиаг фæнд». 

Фотовыставка «Беслан. Помнить, чтобы жить»

Зæрдæвæрæны мæйы 21-æм бон Тыбылты Алыксандыры номыл Хуссар Ирыстоны Паддзахадон Университеты (ХИПУ) равдыстыты залы байгом къамты равдыст «Беслæн. Цæрынæн зæрдыл дарын», кæцыйы хайад райста Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар.

Беслæны скъолайы трагикон цауты охыл къамты равдыст бацæттæ кодтой Террористон актты амæттæгты ассоциаци «Беслæны мадæлтæ» æмæ ХИПУ.

Цхинвал, 2024 азы зæрдæвæрæны мæйы 21-æм бон

Встреча Ахсара Джиоева с Артуром Цаллаговым и Вячеславом Дзагоевым

Зæрдæвæрæны мæйы 20-æм бон Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар фембæлд РЦИ-Аланийы Националон политикæ æмæ æддаг бастдзинæдты министрады Религиозон организацитæ æмæ экстремизмы профилактикæйы фæдыл хайады Сæрдар Цæллæгаты Артур æмæ æхсæнадон змæлд «Стыр Ныхас»-ы Сæрдары хæдивæг Зæгъойты Вячеславимæ, кæдон æрцыдысты Цхинвалмæ Зары трагедийæ 32 азы рацыды охыл мысæн мадзæлттæм.

Джиоты Æхсар бузныджы ныхæстæ загъта уазджытæн æмæ банысан кодта, се ‘рцыд уæлдай хатт дзурæг кæй у дыууæ Республикæйы адæмы иудзинадыл.

Исламская Республика Иран

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад Ираны Президент Эбрахим Раисийы амæлæты охыл арвыста мæсæллæйы нотæ Уæрæсейы уæвæг Пысылмон Республикæ Ираны Минæварадмæ.

Сæрмагондæй, нотæйы дзырдæуы:

«Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад хъыгзæрдæйæ мæсæллæй кæны 2024 азы зæрдæвæрæны мæйы 19-æм боны вертолеты æрхауды цауы охыл, кæцыйы фæстиуæгæн фæмард сты Пысылмон Республикæ Ираны Президент Сейед Эбрахим Раиси, Ираны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Хосейн Амир Абдоллахиан æмæ æндæр паддзахадон архайджытæ. 

Зарская трагедия

Зæрдæвæрæны мæйы 20-æм бон – гуырдзиаг агрессийы амæттæгты Мысæн æмæ хъынцъымы бон.

1992 азы зæрдæвæрæны мæйы гуырдзиаг хæстонтæ æмбæхст ранæй æгъатырæй ныццагътой, сæ цард фервæзын кæнынмæ Хуссар Ирыстонæй Цæгатмæ чи лыгъд, уыцы ирон æмбæстæгты. Ацы æгъатыр трагеди ирон адæмы историйы сау дамгъæтæй фыстæй баззайдзæн æнустæм. 

Ацы æбуалгъ фыдракæнды амæттæгтæ систы 33 æнаххос адæймаджы, уыдоны нымæцы сывæллæттæ, сылгоймæгтæ, зæрæдтæ. 

Южная Осетия и Абхазия

Республикæ Абхазы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады Сырæзты боны цытæн Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад арвыста арфæйы фыстæг Республикæ Абхазы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрадмæ.

Сæрмагондæй, арфæйы дзырдæуы:

«Йæ сырæзты бонæй фæстæмæ Республикæ Абхазы æддагполитикон уагдон бæрзонд профессионалон æмвæзадыл æххæст кæны йæ хæстæ, æппæтварсонæй архайы паддзахады хæдбардзинады дарддæры фидаркæнынадыл, аккагæй хъахъхъæны æхсæнадæмон аренæйы йæ бæстæйы интерестæ.

Южная Осетия и Науру

Республикæ Науруйы Конституцийы боны цытæн Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад арвыста арфæйы фыстæг Республикæ Науруйы Фæсарæйнаг хъуыддæгты, базарад æмæ финансты министрадмæ.

Сæрмагондæй, арфæйы дзырдæуы:

«Республикæ Науруйы Конституци ист æрцыд 1968 азы зæрдæвæрæны мæйы 17-æм бон æмæ равдыста адæмы тырнындзинад сæрибар размæдзыд, æмбæстæгты бындурон барад æххæст кæнынмæ. Фидарæй ныфс дарæм, Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Республикæ Науруйы æддагполитикон уагдæтты ‘хсæн дарддæры æмархайд ахъаз кæй уыдзæн нæ бæстæты ‘хсæн ахастытæ фидар кæнынæн».

Ахсар Джиоев и Сергей Лавров

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар арвыста арфæйы фыстæг Уæрæсейы Федерацийы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Сергей Лавровмæ Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрæй снысан кæныны фæдыл. 

Сæрмагондæй, арфæйы дзырдæуы:

«Фæлтæрд дипломат æмæ Уæрæсейы патриот, бæрнон уынаффæты фарслæууæг æмæ бæрзонд профессионализмы хицау уæвгæйæ, æнтысджынæй хъахъхъæныс Уæрæсейы Федерацийы паддзахадон интерестæ. 

В.В. Ястребчак

Йæ цардæй ахицæн Приднестроваг Молдаваг Республикæйы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады раздæры Сæрдар Владимир Валерийы фырт Ястребчак. 

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар арвыста Владимир Ястребчакы хиуæттæ æмæ æввахс адæмæн мæсæллæй кæныны телеграммæ:

«Стыр хъыгзæрдæимæ райстам Приднестроваг Молдаваг Республикæйы зынгæ минæвæрттæй иу, æцæг патриот, Приднестровьейы аккаг фырт, политик æмæ дипломат Владимир Валерийы фырт Ястребчакы æнæрæстæджы мæлæты охыл цау. 

З.Н. Гассиев

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар арвыста арфæйы фыстæг Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын Минæвар Уæрæсейы Федерацийы Гасситы Знауырмæ юбилейы цытæн. 

Сæрмагондæй, арфæйы дзырдæуы:

«Бирæ азты дæргъы уæхскуæзæй архайыс Хуссар Ирыстон æмæ йæ адæмы хæрзиуæгæн. Дæ адæймаджы миниуджытæ æмæ куысты фæрцы дын ис бæрзонд авторитет дæ коллегæты æмæ æмбæстæгты ‘хсæн. 

Æгæрон у дæ хайбавæрд Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы ‘хсæн дывæрсон æмархайды размæдзыд, интеграци арфдæр кæныны хъуыддагмæ».

79-я годовщина Победы в Великой Отечественной войне

Зæрдæвæрæны мæйы 8-9 бонты Республикæ Хуссар Ирыстоны ацыдысты Стыр Фыдыбæстæйон хæсты советон адæмы Уæлахизæй 79 азы рацыды охыл цытджын мадзæлттæ.

Уæлахизы Боны хæдразмæ ацыд Кады аллейы Стыр Фыдыбæстæйон хæсты фæмардуæвджыты цыртдзæвæнмæ Кады гирляндæ сæвæрыны цытджын церемони. Церемонийы хайадисджытæ дидинтæ æмæ веноктæ сæвæрдтой Æнусон артмæ æмæ, æдзæмæй алæугæйæ, ссардтой Стыр Фыдыбæстæйон хæсты быдырты фæмардуæвджыты рухс нæмттæ.

Афтæмæй ма ацыд советон-уæрæсейаг фæдагурæг, Хуссар Ирыстонæй рацæугæ Лохты Иосифы фырт Владимирæн цырт бакæныны официалон церемони.