Стыр Фыдыбæстæйон хæсты Уæлахизы бонæй 79 азы рацыды цытæн Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы Æддагполитикон уагдæтты Сæргълæуджытæ Джиоты Æхсар æмæ Сергей Лавров рарвыстой кæрæдзимæ арфæйы фыстæджытæ.
Сæрмагондæй, Джиоты Æхсар йæ фыстæджы банысан кодта:
«Стыр Уæлахизы бæрæгбон æнгом кæны бирæ адæм æмæ фæлтæрты. Ацы бон у бирæнацион советон адæмы хъайтардзинад, æхсар, æгæрон тыхы бон. Адæм кæрæдзийы фарсмæ слæууыдысты фашизмы ныхмæ уæззау тохы.