Хуымгæнæны мæйы 6-æм бон Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады ацыд Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсары æмæ Уæрæсейы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады Хицæн хæслæвæрдты фæдыл Минæвар Мирошник Родионы фембæлд.
Ныхасы рæстæджы æрдзырдæуыд Украинæйы цаутыл – Евромайдан æмæ йæ геополитикон фæстиуджытыл. Нысангонд æрцыд Киевы режимы фыдракæндтæ рæгъмæ хæссыны фæдыл куысты, афтæмæй ма дывæрсон фæткы актуалон фарстыты фæдыл æмархайд фидар кæныны ахсджиагдзинад.