Тæргæйтты мæйы 15-17 бонты Уæрæсейы Федерацийы Президенты æвзæрстыты хайад райстой Уæрæсейы æмбæстæгтæй Республикæ Хуссар Ирыстоны чи цæры, науæд хъæлæс кæныны бон йæ территорийыл чи уыд, уыдон дæр.
Хуссар Ирыстоны баконд ис дыууадæс æвзарæн фадыджы, сæ иу – уæрæсейаг æфсæддонтæн. Хъæлæс кæныны процесс сорганизаци кодта Уæрæсейы Федерацийы Минæварад Хуссар Ирыстоны. Республикæйы хицауад æппæт уавæртæ дæр сарæзта, цæмæй æвзæрстытæ ацæуой сæрмагонд фæткмæ гæсгæ.