Æртхъирæны мæйы 15-æм бон Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар видеоконференцийы хуызы хайад райста Приднестроваг Молдаваг Республикæйы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады Дзуапдæттæн коллегийы рабадты, кæцы уагъд æрцыд æддагполитикон уагдоны 2023 азы куысты фæдыл.
Рабадты ма хайад райста Приднестроваг Молдаваг Республикæйы Официалон Минæварады Сæрдар Республикæ Хуссар Ирыстоны Плиты Алан.