Цыппурсы мæйы 12-æм бон Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар Мæскуымæ кусæгон балцы рæстæджы хайад райста ирон адæмы хуыздæр минæвæрттæй иу, æфсады инæлар, дыууæ хатты Советон Цæдисы Хъайтар Плиты Иссæйы райгуырдæй 120 азы рацыды фæдыл цытджын мадзалы, кæцы ацыд 1941-1945 азты стыр Фыдыбæстæйон хæсты Централон музейы «Кады залы».
Мадзал уагъд æрцыд Дзанайты Азанбекы номыл Культурæйы хæрзаудæн фонды сæргълæууæг Дзанайты Зауыры хъæппæрисæй æмæ ацыд ирон адæмы культурон-историон традицитæ парахат кæныны фæлгæтты.