Хуссар Ирыстоны Хæдбардзинад расидыны Акты райстæй 31 азы рацыды цытæн Донецкы Адæмон Республикæйы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад рарвыста арфæйы фыстæг Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрадмæ:
Сæрмагондæй, арфæйы дзырдæуы:
«Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад райсыны, национ иудзинады æмæ хъысмæт хибарæй æвзарыны хъуыддаджы 1992 азы зæрдæвæрæны мæйы 29-æм бон ссис тынг ахсджиаг рæстæг. Тæссагдзинадмæ ‘нæкæсгæйæ, Уæлдæр Совет сæххæст кодта адæмы фæндон æмæ уыцы иухуызонæй схъæлæс кодта паддзахадон хæдбардзинад расидыны Акты райсты тыххæй.