Æртхъирæны мæйы 23-æм бон Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар хайад райста Ирыстоны Хъахъхъæнджыты мемориал æмæ фæндзæм скъолайы кæрты мемориалон уæлмæрдмæ дидинтæ сæвæрыны цытджын церемонийы, кæцы ацыд Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы боны æмæ Хуссар Ирыстоны Хъахъхъæнынады министрады сырæзтыл 30 азы сæххæсты цытæн.
Новости
Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар тæфæрфæстæ ракодта Сириаг Араббаг Республикæйы Фæсарæйнаг хъуыддæгты æмæ эмигрантты хъуыддæгты фæдыл министр Фейсал аль-Микдадæн Сирийы территори ракетон цæфтæ кæй æрцыд, уыцы трагикон фæстиуджыты тыххæй.
Тæфæрфæсы дзырдæуы:
«Хъыгзæрдæйæ мæсæллæй зæгъæм Сириаг Араббаг Республикæйы территори ракетон цæфтæ кæй æрцыд, æмæ йæ фæдыл адæмы мæрдтæ кæй расайдта, уыцы трагикон фæстиуджыты тыххæй.
Ӕртхъирӕны мӕйы 10 бон Республикӕ Хуссар Ирыстоны Президент Гаглойты Алан бабӕрӕг кодта Уӕрӕсейы Федерацийы Сириаг Араббаг Республикӕйы Минӕварад, цӕмӕй зӕххӕнкъуысты ӕмӕ йӕ фӕстиуджыты фӕдыл тӕфӕрфӕстӕ ракӕна сириаг адӕмӕн, афтӕмӕй ма дидинджытӕ сӕвӕрдта Минӕварады раз.
Президентимӕ уыд Республикӕ Хуссар Ирыстоны Ӕххӕстбарджын Минӕвар Уӕрӕсейы Федерацийы Гасситы Знауыр.
Ӕртхъирӕны мӕйы 10 бон Республикӕ Хуссар Ирыстоны Фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министр Джиоты Ӕхсар видеоконференцийы хуызы хайад райста Приднестроваг Молдаваг Республикӕйы Фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министрады Коллегийы дзуаппдӕттӕн рабадты. Видеоконференци уагъд ӕрцыд Дипломатон кусӕджы боны цытӕн.
Республикӕ Хуссар Ирыстоны Фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министр Джиоты Ӕхсар арфӕйы фыстӕг арвыста Приднестроваг Молдаваг Республикӕйы Фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министр Виталий Игнатьевмӕ Дипломатон кусӕджы боны цытӕн.
Сӕрмагондӕй, фыстӕджы дзырдӕуы:
Республикӕ Хуссар Ирыстоны Фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министр Джиоты Ӕхсар арфӕйы фыстӕг арвыста Уӕрӕсейы Федерацийы Фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министр Сергей Лавровмӕ профессионалон бӕрӕгбон- Дипломатон кусӕджы боны цытӕн.
Сӕрмагондӕй, фыстӕджы дзырдӕуы:
Ныры дуджы зындзинӕдтӕм ӕнӕкӕсгӕйӕ, уӕрӕсейаг дипломаттӕ фидарӕй хъахъхъӕнынц бӕстӕйы национ интерестӕ, бӕрнонӕй ӕххӕст кӕнынц сӕ профессионалон хӕс.
Республикӕ Хуссар Ирыстоны Фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министр Джиоты Ӕхсар тӕфӕрфӕстӕ ракодта Сириаг Араббаг Республикӕйы Фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты ӕмӕ эмигрантты хъуыддӕгты министр Фейсал аль-Микдадӕн Сирийы ӕрцӕугӕ зӕххӕнкъуысты трагикон фӕстиуджыты фӕдыл.
Тӕфӕрфӕсы дзырдӕуы:
Нæ хъус æрдардтам Гуырдзыстоны президент С. Зурабишвилийы ныхæстæм, кæцы йæ интервьюйы «Bloomberg»-æн загъта, зæгъгæ, Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы Республикæйы территоритæм домæнтимæ баст Гуырдзыстоны проблемæтæ хъуамæ лыг æрцæуой Уæрæсе æмæ Украинæйы ʻхсæн фидæны сабырадон бадзырдимæ бастæй. Афтæмæй, Зурабишвили развæлгъау нымайы, зæгъгæ, фидæны сабырадон бадзырдты Уæрæсе æнæмæнгæй уыдзæн æвдыст фембылдуæвæг фарсæй.
Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад
«Уӕлахиз – ӕнӕрӕдыд!» – «Æппӕтӕй уӕлдӕр – уӕлахиз!»
1990 азы 20 сентябры Хуссар Ирыстоны Парламент фыццаг хатт райста Деклараци Хуссар Ирыстоны хæдбардзинады тыххæй.
2008 азы 26 августы Уæрæсæйы Федераци банымадта Хуссар Ирыстоны æмæ Абхазы хæдбардзинад.
Зынаргъ Анатоли,
Ацы аз августы мӕйы сӕххаест уыдзӕн фашистон Гуырдзыйы ныхмӕ хӕстыл 13 аз.
Æрвылаз августы мæйы æрбалæуыдимæ æрхæндæг кæнынц Хуссар Ирыстоны адæм. Сымахимае иумæ мæт кæнæм мах Турчы цæрæг ирон адæм дæр.
Хуссар Ирыстоны адæмы зæрдæтыл куы æрлæууынц августы сау бонтæ, уæд мах дæр æрымысæм фашистон Гуырдзыйы знаджы бырст Хуссар Ирыстонмæ.
Цасфæнды рæстæг ма рацæуа, уæддæр уыцы трагикон цаутæ рох никуы уыдзысты, нæ хъайтарты рухс нæмттæ æнусмæ нæ зæрдыл дардзыстæм.