Новости

Archive

УФ ПД ФС депутат Л.Калашниковы фидиуæны фæдыл

Уæрæсейы Федерацийы Паддзахадон Думæйы депутат Леонид Калашников 2016 азы 16 ноябры йæ интервьюйы «РИА Новости»-йæн загъта, зæгъгæ, «… кæд Молдовæйæн йæ территориалон конфликт – Днестыргæроны райхалын йæ къухты бафта, конфедераци саразыны хуызы, æмæ уыцы рæстæджы Уæрæсеимæ дæр рæзын кæна йæ ахастытæ, уæд уый уыдзæн Гуырдзыстон æмæ Украинæйы конфликттæ райхалынæн калькæ».

17 ноябры Республикæ Хуссар ИрыстоныФæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Мурат йæхимæ райста Республикæ Хуссар Ирыстоны Æхсæнадæмон Сырх Дзуары Минæварады Сæрдар Нальан Антмены.

Ныхасы рæстæджы дзырд цыд Хуссар Ирыстоны МККК-йы Минæварады архайдыл, сæрмагондæй цæрджыты иуæй-иу категоритæн нысанон социалон æххуысыл. Уыимæ ма ныхас цыд æбæрæгæй сæфт æмбæстæгты хъысмæт рабæрæг кæныны фарстатыл иумæйаг архайдыл.

- Цавæр сæйраг фарстатыл цæудзæн дзырд, 13-14 декабры Женевæйаг дискусситы цы радон раунд хъуамæ уа, уым?

- Ног къуыри радон раунды агъоммæ æнхъæлмæ кæсæм Женевæйаг дискусситы æмсæрдæртты делегацийы æрцыдмæ.

15 ноябры телефонæй ныхас уыд Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты М.К. æмæ Республикæ Абхазы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Кове Д.В. æхсæн. Ныхасы рæстæджы æрдзырдæуыд дыууæварсон æддагон-политикон ахастыты актуалон аспекттыл.

Сæрмагондæй, дзырд цыд Фæскавказы æдасдзинад æмæ стабилондзинады фæдыл Женевæйаг дискусситы радон раунды цы фарстатæ уыдзæн, уыдоныл.

Министртæ бадзырдтой регулярон диалог æмæ Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы æхсæнадæмон позицитæ фидар кæныны æнгом æмархайд сифтонг кæныныл.

Цхинвал, 2016 азы 15 ноябрь

 

11 ноябры Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Мурат йæхимæ райста хæдбар æхсæнадæмон эксперт Душан Игньятовичы, кæцы ОБСЕ-йы æрхуындмæ гæсгæ 2015 азæй фæстæмæ архайы Гуырдзыстоны агрессийы фæстиуæгæн Хуссар Ирыстоны æбæрæгæй сæфт æмбæстæгты ссарыныл.

Фембæлды рæстæджы дзырд цыд эксперты архайдыл æбæрæгæй сæфт æмбæстæгты хъысмæт сбæрæг кæныны хъуыддаджы.

Игньятович ма фембæлд РХИ Президенты паддзахадон уынаффæгæнæг, МПРИ-йы форматы хуссарирыстойнаг делегацийы сæргълæууæг Санахъоты Давидимæ æмæ æбæрæгæй сæфт Хуссар Ирыстоны æмбæстæгты хиуæттимæ.

Æрæджы дзыллон информацийы фæрæзты фæзындысты Гуырдзыстоны патриархийы делегаци æмæ Хуссар Кавказ æмæ Централон Азийы НАТО-йы Генералон секретары минæвар Джеймс Аппатурайы фембæлды тыххæй публикацитæ. Гур æмæ Атъены митрополит куыд загъта, афтæмæй фембæлды рæстæджы дзырд цыд «Абхаз æмæ Самачаблойы уæззау уавæрыл».

«НАТО-Гуырдзыстон 2016»-ы ахуырты фæдыл

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад æвдисы тыхстдзинад 10-20 ноябры цы ахуыртæ хъуамæ æрцæуой уагъд «НАТО-Гуырдзыстон 2016», зæгъгæ, уыдон тыххæй. Ацы ахуырты сæйраг хæс нысангонд æрцыд, куыд «Гуырдзыстон, альянс æмæ партнер-бæстæты æфсæддон тыхты кæрæдзи æмбарындзинад фæбæрзонддæр кæнын, æмæ сæ къухдариуæгад æмæ контрол кæныны гæнæнтæ фæфылдæр кæнын».

- Хуссар Ирыстон банымадта ДАР æмæ ЛАР-ы хæдбардзинад 2014 азы июны. Республикæтæ банымайыны тыххæй бардзырды фæстæ РХИ Президент Тыбылты Л.Х. бахæс кодта ФХМ-йæн семæ дипломатон ахастытæ саразын. Цавæр æвæрццаг фæстиуджыты тыххæй ис радзурæн уæ куысты ацы фадыджы?

- Республикæ Хуссар Ирыстоны Конституцимæ гæсгæ йын йæ æддагон политикæ бæрæг кæны РХИ Президент, Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад та у æххæстгæнæг оргæн, кæцы реализаци кæны паддзахады иумæйаг æддагон политикон хахх.

13 октябры ПАСЕ-йы фæззыгон сессийы пленарон рабадты Германийы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр, ОБСЕ-йы архайæг сæрдар Франк-Вальтер Штайнмайер йæ раныхасы Европæйы тыгъдады адæймаджы барты ситуацийыл дзургæйæ загъта йæ хъуыды Хуссар Ирыстоны тыххæй, æмæ йæ, куыд адæймаджы бартæм цæстдарæг, афтæ схуыдта «цъæх зонæ» æмæ «сау хуынкъ».

Фæскавказы æдасдзинад æмæ стабилондзинады фарстаты фæдыл Æхсæнадæмон дискусситы 37-æм раунды фæстиуджыты тыххæй

2016 азы 4-5 октябры Женевæйы уыдис Фæскавказы æдасдзинад æмæ стабилондзинады фарстаты фæдыл æхсæнадæмон дискусситы радон раунд, цыран хайад райстой Республикæ Хуссар Ирыстон, Республикæ Абхаз, Гуырдзыстон, Уæрæсейы Федерацийы æмæ АИШ-ы делегацитæ, афтæ ма ЕЦ, БНО æмæ ЕЦÆО-йы минæвæрттæ.

Хуссарирыстойнаг делегацийы сæргълæууæг уыд Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты М. К.

4-5 октябры Женевæйы цæуы Фæскавказы æдасдзинад æмæ стабилондзинады фæдыл æхсæнадæмон дискусситы радон, 37-æм раунд. Хуссарирыстойнаг делегацийы сæргълæууæг у РХИ Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты М.К.

4 октябры Хуссар Ирыстоны делегаци ауагъта дыууæварсон консультацитæ æхсæнадæмон организациты минæвæрттимæ. Боны дæргъы уагъд æрцæудзысты æртæварсон консультацитæ Республикæ Хуссар Ирыстоны делегацийæн Уæрæсейы Федераци æмæ Республикæ Абхазы делегацитимæ.

29 сентябры Уæрæсейы Федерацийы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады кæрæдзимæ лæвæрд æрцыдысты, 2015 азы 18 февралы æрфыст Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы æхсæн паддзахадон арæны тыххæй Бадзырды ратификацион грамотæтæ.

Ратификацион грамотæтæ кæрæдзимæ радтой Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты Министр Джиоты М.К. æмæ Статс-секретарь – Уæрæсейы Федерацийы Фæсарæйнаг хъуыддæгты Министры хæдивæг Карасин Г.Б.

Цхинвал, 2016 азы 29 сентябрь