26 августы Республикæ Хуссар Ирыстоны уагъд цæуынц бæрæгбонон мадзæлттæ Уæрæсейы Федераци Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад куы банымадта, ууыл аст азы сæххæсты цытæн. Раст 8 азы размæ Уæрæсейы Федерацийы Президент Д.А. Медведев йæ къух бафыста Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад æмæ паддзахадон суверенитет банымайыны историон Барамындыл. Уымæн йæ размæ уыд хуссарирыстойнаг адæмы бирæазон тугкалæн тох Гуырдзыстоны ныхмæ сæрибар цард æмæ аккаг фидæны сæраппонд.
Новости
24 августы РХИ Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Мурат райста йæхимæ Республикæ Никарагуа æмæ Боливариайнаг Республикæ Венесуэлæйы Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын Минæвар Козаты Наримы.
Ныхасы рæстæджы Минæвар базонгæ кодта Министры йæ балцы деталтимæ Боливариайнаг Республикæ Венесуэлæмæ, цыран уый кадджын уавæры радта æууæнчы грамотæтæ Боливариайнаг Республикæ Венесуэлæйы Президент Николас Мадуромæ.
19 августы Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Мурат райста йæхимæ Хуссар Ирыстоны Æхсæнадæмон Сырх Дзуары Комитеты минæварады сæрдар Нальан Антмены.
Конструктивон æмæ бæстон ныхасы рæстæджы дзырд цыд, Æхсæнадæмон Сырх Дзуары Комитеты Миссийы Хуссар Ирыстоны архайды æппæт фарстатыл, сæрмагондæй, Антмен радта информаци организаци цы куыст бакодта фæстаг мæйты дæргъы, уый тыххæй. Радзырдта ныртæккæйы проектты æмæ æввахс периоды пъланты тыххæй.
2016 азы 10 августы Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын Минæвар Боливариайнаг Республикæ Венесуэлæйы Козаты Н.З. радта æууæнчы грамотæтæ Боливариайнаг Республикæ Венесуэлæйы Президент Николас Мадуромæ. Церемони уыд президенты галуаны Мирафлоресы.
Президент Мадуро минæвæрттæн Венесуэлæйы адæмы номæй йæ арфæйы ныхасы бахахх кодта, паддзахадты æхсæн æхсæнадæмон барад æмæ æмгуыстады бындурыл арæзт ахастытæ ахсджиаг кæй сты, уый.
Æвзонг дипломатты æртыккаг Æхсæнадæмон Форумы хайадисты тыххæй
2016 азы 2-3 августы Мæскуыйы уагъд æрцыд Æвзонг дипломатты æртыккаг Æхсæнадæмон Форум, кæцы сорганизаци кодта Уæрæсейы ФХМ Æвзонг дипломатты Совет А.М.Горчаковы номыл публикон дипломатийæн æххуысы Фондимæ.
Мадзалы хайад райстой æвзонг дипломаттæ Республикæ Хуссар Ирыстонæй, Республикæ Абхаз, Сомихстон, Белорусси, Казахстан, Кыргызстан, Молдова, Уæрæсейы Федерацийæ, Республикæ Таджикистан æмæ Туркменистан.
Джиоты Кузьмайы фырт Мураты Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты Министрæй снысан кæныны тыххæй
2016 азы 9 августы Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Тыбылты Л.Х. Барамындмæ гæсгæ Джиоты Кузьмайы фырт Мурат нысангонд æрцыд Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты Министрæй.
Цхинвал, 2016 азы 9 август
14 июлы РХИ Фæсарæйнаг хъуыддæгты министры Х. æ Цхуырбаты А.йæхимæ райста Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады Минæвар Мауро Мурджиа æмæ кинокритик Федерико Чичерони. Уыдон æрцыдысты Цхинвалмæ италиаг кинойы бонтæ ауадзыны фæлгæтты.
Мадзал арæзт у Итали-Хуссар Ирыстоны хæларады æхсæнады тыхтæй, РХИ Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад æмæ РХИ Культурæйы министрады æххуысæй æмæ уагъд цæудзæн Киноконцертон зал «Чермен»-ы 2016 азы 14-æм июлæй 16-æм июлмæ.
Цхинвал, 2016 азы 14 июль
12 июлы Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Тыбылты Леонид йæхимæ райста Боливариайнаг Республикæ Венесуэлæйы Минæварады делегаци Хъуыддæгты рæстæгмæ æвджид Альваро Энрике Санчес Кордеойы сæргълæудæй. Делегаци Республикæ Хуссар Ирыстоны ис Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады æрбахуындмæ гæсгæ.
Фембæлды рæстæджы дзырд цыд Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Венесуэлæйы æхсæн хæларадон ахастытæ кæрæдзийæн алыхуызон пайда къабæзты дарддæр фидар кæныны перспективæтыл, æмæ ма æхсæнадæмон проблемæты иуæй-иу аспекттыл.
12 июлы Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Тыбылты Л.Х. райста æууæнчы грамотæтæ Республикæ Никарагуайы Республикæ Хуссар Ирыстоны Минæвар Хуан Эрнесто Васкес Арайяйæ.
Æууæнчы грамотæтæ радтыны церемонийы хайад райста Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министы хæстæ æххæстгæнæг Цхуырбаты А.В.
Церемонийы фæстæ цыбыр ныхасы рæстæджы нысангонд æрцыд дыууæварсон ахастытæ фидар кæнын æмæ сæ райрæзыны фæдыл куысты ахсджиаг нысаниуæг.
Цхинвал, 2016 азы 12 июль
11 июлы Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министры Х.æ. Цхуырбаты Андрей йæхимæ райста Боливариайнаг Республикæ Венесуэлæйы Минæварады делегаци Хъуыддæгты рæстæгмæ æвджид Альваро Энрике Санчес Кордеойы сæргълæудæй.
Конструктивон æмæ æууæнчы атмосферæйы ныхасы рæстæджы дзырд цыд дыууæварсон боны фæткы æрвылбонон фарстатыл, сæ хъуыдытæ кæрæдзийæн загътой Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Венесуэлæйы æхсæн æмгуыстад æмæ æмархайды перспективæты фæдыл.
11 июлы Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министры Х.æ. Цхуырбаты Андрей йæхимæ райста Республикæ Никарагуайы Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын Минæвар Республикæ Хуссар Ирыстоны Хуан Эрнесто Васкес Арайяйы, кæцы йæм радта йæ æууæнчы грамотæты халдихтæ.
Хъарм æмæ хæларадон уавæры ацæугæ ныхасы рæстæджы æрдзырдæуыд дыууæварсон ахастыты актуалон фарстатыл æмæ ма æхсæнадæмон аренæйыл Хуссар Ирыстон æмæ Никарагуайы æмархайды перспективæтыл.
7 июлы РХИ Фæсарæйнаг хъуыддæгты министры Х. æ Цхуырбаты А.В. аныхас кодта Республикæ Никарагуа æмæ Боливариайнаг Республикæ Венесуэлæйы Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын Минæвар Козаты З.Н. йæ куыстмæ кæй æрæвнæлдта, уый охыл.
Ныхасы рæстæджы дзырд цыд регионалон политикæйы актуалон фарстатæ æмæ Никарагуа æмæ Венесуэлæимæ хæларадон ахастытæ дарддæр фидар кæныны фарстатыл.
Цхинвал, 2016 азы 7 июль