Новости

Archive

24-25 февралы Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад ауагъта конкурсон равзæрст Уæрæсейы Федерацийы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады ДАМПИ(У) нысанон бынæттæм.

Конкурсон фæлварæнтæ уагъд цыдысты «Уæрæсейы Федерацийы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады Дунеон ахастыты мæскуыйы паддзахадон институт(Университет) Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрадæн цы нысанон бынæттæ рахицæн кодта, уыдон фæдыл конкурсон фæлварæнтæ ауадзыны фæткы тыххæй» Уагæвæрды бындурыл.

Тыбылты Д.И. Боливариайнаг Республикæ Венесуэлайы Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын Минæвары бынатæй æмæ Республикæ Никарагуайы Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын Минæвары бынатæй ссæрибар кæныны тыххæй

2016 азы 29 февралы Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Тыбылты Л.Х. Указтæй Боливариайнаг Республикæ Венесуэлайы Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын Минæвар æмæ Республикæ Никарагуайы Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын Минæвар Тыбылты Д.И. сæрибар æрцыдис йæ бынатæй.

22 февралы Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министры хæстæ æххæстгæнæг Коцты А.К. æмæ РХИ Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады кусджытæ Цхинвалы Аргъуандоны фæзуаты хайад райстой Ирыстоны хъахъхъæнджыты боны цытæн обелискыл дидинджытæ сæвæрыны бæрæгбонон церемонийы.

Цхинвал, 2016 азы 22 февраль

 

 

2016 азы 2 февралæй 15 февралмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад Уæрæсейы Федерацийы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады ДАМПИ(У) нысан бынæттæм конкурсон бындурыл равзарыны сæраппонд исы куырдиæттæ.

Конкурсон фæлвæрæнтæ конд уыдзысты беседæ кæнынæй æмæ бацæуæн экзаментæй, кæцытæ уагъд цæудзысты «Уæрæсейы Федераци Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрадæн Дунеон ахастыты Мæскуыйы паддзахадон институты (Университеты) цы бынæттæ рахицæн кодтой, уыдоны нысанон бынæттæм конкурсон фæлвæрæнтæ уадзыны фæткы тыххæй» Уагæвæрдмæ гæсгæ.

4 февралы Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Цхуырбаты Хъасполат фембæлд фæсконфликтон æрбæстонкæнынады фарстаты фæдыл РХИ-ы Президенты уынаффæгæнæг Джиоты Мурæт, РХИ-ы паддзахадон уынаффæгæнæг Санахъоты Давид æмæ РХИ-ы Президенты адæймаджы барты æвджиддар Тасойты Иналимæ.

Фембæлды рæстæджы ныхас цыд, æбæрæгæй чи фесæфт, уыдон фарстаты фæдыл æртæварсон Координацион механизмы куыстимæ баст фарстатыл.
Механизмы фæлгæтты радон фембæлд уыдзæн 5 февралы хуссарирыстойнаг-гуырдзиаг арæныл, цæрæгджын пункт Эргнетмæ æввахс.

27 январы Æхсæнадæмон уголовон тæрхондоны развæлгъау æркасты палатæ сфидар кодта, 2008 азы 1-æм июлæй 10-æм октябрмæ «Хуссар Ирыстон æмæ йæ алфæмблай» цы хæстон фыдракæндтæ, стæй адæймагдзинады ныхмæ фыдракæндтæ æрцыд арæзт, уыдон раиртасыны тыххæй ÆУТ-ы прокурор Фату Бенсудайы домæн.

Республикæ Хуссар Ирыстон разы у ацы уынаффæимæ æмæ, кæд Ромаг Статуты архайд нæ территоримæ нæ æххæссы, уæддæр æвдисы объективон æмæ профессионалон фæдæсгæрстæн ахъаз кæнынмæ цæттæдзинад.

РХИ æмæ УФ-йы æхсæн æмцæдис æмæ интеграцийы тыххæй Бадзырды фæлгæтты уæлæмхас фидыдтытæ саразыны рæстæджы «пакетон принцип»-æй спайда кæныны гæнæнты фæдыл

Æхсæнадæмон ахастыты цалдæр дыууæварсон фидыды уыцы иу рæстæджы æрфыссыны практикæ ис, фæлæ стæм хатт æмбæлы. Арæхдæр уый саразынц бæстæты сæргълæуджыты визит кæнæ стыр æхсæнадæмон форумы рæстæджы. Уæд вæййы дзурæн æхсæнадæмон фидыдтыты пакетыл къухтæ æрфыссыныл. Ацы практикæ æнæмæнгхъæуæг нæу.

- Цытджын министр, августы мæйы сæххæст ис авд азы Хуссар Ирыстонмæ гуырдзиаг æфсад куы æрбабырста, уыцы трагикон цаутыл. Абоны перспективæйæ цы цæстæй кæсыс уыцы цаутæм?

2015 азы 18 декабры Еврокъамис ныммыхуыр кодта, Гуырдзыстон Евроцæдисимæ визæйон режим фæхуымæтæгдæр кæныны охыл Архайды пъланы куыд сæххæст кодта, уый фæдыл æвæрццаг хыгъд.

Европæйаг визæйон режим либерализаци кæныны тыххæй Евроцæдисы æмбæлон политикон уынаффæйы райстмæ нæ банхъæлмæ кæсгæйæ, Гуырдзыстоны дзурын райдыдтой, Шенгены зонæйы бæстæтæм, Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Республикæ Абхазы цæрджытæн æнæкъуылумпыйæ цæуыны тыххæй Гуырдзыстоны биометрион паспорттæ дæттыны хъуыддаг фæхуымæтæгдæр кæныны гæнæнтыл.

21 декабры Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Цхуырбаты Хъасполат райста йæхимæ Æхсæнадæмон цæдис «Уæлахизы бындартæ»-йы Президент Калякин В.В.

Хæларадон ныхасы рæстæджы Валерий Калякин радзырдта, зæгъгæ, Цæдисы архайды сæйраг здæхтытæй иу у «историон зæрдылдарынад бавæрын, сæйраджыдæр та, Стыр Фыдыбæстон хæсты советон адæмы сгуыхтдзинады кой ма ферох кæнын». Уымæй дарддæр ма Калякин банысан кодта, ирæттæ Стыр Фыдыбæстон хæсты канд хайад нæ райстой, фæлæ ма ныууагътой хæсты историйы зынгæ фæд.

Фæскавказы æдасдзинад æмæ стабилондзинады фарстаты фæдыл Æхсæндунеон дискусситы 34-æм раунды фæстиуджыты тыххæй

2015 азы 8-9 декабры Женевайы уыдис Фæскавказы æдасдзинад æмæ стабилондзинады фарстаты фæдыл æхсæндунеон дискусситы 34-æм радон раунд. Хайад дзы райстой Республикæ Хуссар Ирыстоны, Республикæ Абхазы, Гуырдзыстоны, Уæрæсейы Федерацийы, АИШ делегацитæ, афтæ ма ЕЦ, БНО æмæ ЕЦÆО минæвæрттæ. Хуссарирыстойнаг делегацийы сæргъ лаеууыдис Фæсконфликтон фарстатæ æрбæстон кæныны фæдыл Президенты Æххæстбарджын минæвар Джиоты М. К.

Венесуэлæйы парламентон æвзæрстыты фæстиуджыты фæдыл

6 декабры Венесуэлæйы уагъд æрцыдысты æвзæрстытæ Националон Ассамблеямæ.

Æвзæрстытæ уагъд æрцыдысты архайæг закъондæттынад æмæ конституцион нормæтæм гæсгæ. Венесуэлæйы Президент Николас Мадуро сразы ис æвзæрстыты фæстиуджытыл.

Развæлгъау нымадмæ гæсгæ националон парламенты фылдæр хъæлæстæ райста оппозицион блок.
Хуссар Ирыстоны адæм нымайынц Венесуэлæйы æмбæстæгты равзæрст æмæ хæцынц сæ къухдариуæгады фарс, кæцы здæхт у политикон стабилондзинад фидар кæнынмæ æмæ бæстæйы райрæзтмæ.