Новости

Archive

Санахъоты Дауыт Георгийы фырт Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрæй снысан кæныны тыххæй

2014 азы 14 июлы Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Тыбылты Л.Х. Указæй Санахъоты Дауыт нысан æрцыдис Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрæй.

Цхинвал, 2014 азы 14 июль

 

2014 азы 1 августæй Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад, Республикæ Хуссар Ирыстоны æмбæстæгтæй Республикæ Хуссар Ирыстоны территорийы æттæ чи сты, уыдонæн Республикæ Хуссар Ирыстоны æмбæстаджы гоймагдзинад бæлвырдгæнæг паспорттæ (фæсарæйнаг паспорттæ)саразын æмæ раттыны тыххæй æмбырд кæны документтæ. Документтæ фыццаг радыист цæуынц Республикæ Хуссар Ирыстоны арæнты æттæ чи ахуыр кæнынц, уыцы абитуриенттæ æмæ студенттæн УФ цы квотатæ радта, уыдонæй УФ уæлдæр ахуыргæнæндæтты чи ахуыр кæнынц, уыдонæй.

2014 азы 15 июлы фæсконфликтон фарстатæ æрбæстон кæныны фæдыл Президенты Æххæстбарджын минæвар Джиоты Мураты сæргълæудæй уагъд æрцыдис Женевæйы дискусситы хайадисæг хуссарирыстойнаг делегацийы кусæгон фембæлд Фæскавказы æдасдзинад æмæ стабилондзинады фæдыл Женевæйы дискусситы ЕЦ, ЕЦÆО æмæ ИНО Æмсæрдæрттимæ.

Фембæлды сæйраг темæ уыдис, октябры райдианмæ плангонд чи у, Женевæйы дискусситы уыцы 29-æм раундмæ бацæттæ кæнын.

Ацы аз июны Уæрæсейы Федерацийы федералон закъон «Æмбæстагдзинад»-мæ ист æрцыдысты барасткæнинæгтæ. Ацы барасткæнинæгтæм гæсгæ, кæцытæ сæ тыхы бацæудзысты ацы аз, августы, уæрæсейæгтæй ма фæсарæйнаг æмбæстагдзинады паспорттæ дæр кæмæ ис, уыдон хæсджын сты æмæ фехъусын кæной Федерацион миграцион службæйæн, ахæм паспорттæ сæм кæй ис,уый тыххæй, афтæ ма архайын райдайдзæнис йæ басусæг кæныны тыххæй административон æмæ уголовон бæрндзинад.

Фæстаг æзты æндæр æмæ æндæр дунеон фæзуаттыл æмæ бирæ бæрзонд бынат ахсæг ныгуылæйнаг политиктæ арæх аразынц ахæм хъусынгæнинæгтæ, зæгъгæ, Республикæ Хуссар Ирыстоны æппынæдзух æвзæрдæр кæнынц царды уавæртæ, алыран дæр, зæгъы, хæлд цæуынц адæймаджы бартæ. Уыцы иу рæстæджы Гуырдзыстоны фарс хæцджытæ, æвæллайгæйæ, фидарæй фæлхатт кæнынц, цыма, дам, Гуырдзыстон у æнтыстджын витрина æмæ бæрзонд демократийы тырысахæссæг.

Цалдæр азы фæд-фæдыл БНО Генералон Ассамблея исы, Гуырдзыстон кæй бавдисы Абхазæй æмæ Хуссар Ирыстонæй лигъдонты æмæ иу ранæй иннæ ранмæ чи ацыдис цæрынмæ, уыдон фæдыл резолюцийы проект. Азæй-азмæ фæлхатцæуæг документы тексты Гуырдзыстон фæлвары æмæ сзыгъуыммæгондæй фенын кæны æмæ бафидар кæны йæ æнæлегитимон территориалон даутæ.

Фæскавказы æдасдзинад æмæ стабилондзинады фæдыл Женевæйы дунеон дискусситы 28-æм раунды тыххæй

2014 азы 17-18 июны уагъд цыдис Фæскавказы æдасдзинады æмæ стабилондзинады фæдыл Женевæйы Дунеон дискусситы радон раунд. Фембæлды хайад райстой Республикæ Хуссар Ирыстоны, Республикæ Абхазы, Гуырдзыстоны, Уæрæсейы Федерацийы, АИШ минæвæрттæ, афтæ ма ЕЦ, БНО æмæ ЕЦÆО организациты минæвæрттæ.

Хуссарирыстойнаг делегацийы сæргъ лæууыдис фæсконфликтон ситуаци æрбæстон кæныны фарстаты фæдыл Президенты æххæстбарджын Минæвар Джиоты М.К.

2014 азы 8 августы Хуссар Ирыстоны уагъд æрцыдысты Парламенты депутаты æвзæрстытæ. Хъæлæс дæттыны хайад райстой, иумиагæй сисгæйæ, регистрациæрцæуæг æвзарджыты 60%-æй фылдæрæй, кæцытæн уыдис æвзæрстыты цы фараст политикон партийы истой хайад, уыдонæй сæ кæмæн фæндыдис, уымæн йæ хъæлæс сæрибарæй радтыны фадат. 12 бæстæйæ æрцæуæг дунеон цæстдарджытæ нæ бафиппайдтой бæстæйы æвзæрстыты закъондзинад фехалыны иунæг цау дæр æмæ загътой, дзуапп кæй лæвæрдта æвзæрстыты уæлдæр стандарттæн, банысан кодтой, æвзæрстыты процедурæйы æппæт дæр нывыл кæй уыдис, йæ æргомдзинад æмæ демократондзинад.

Лигъдæтты фæдыл БНО ГА цы резолюци райста, уый фæдыл

2014 азы 5 июны БНО Генералон Ассамблея райста лигъдæтты фæдыл Гуырдзыстоны иницииргонд резолюции. Документ у, гуымир æгъдауæй зыгъуыммæгонд чи ‘рцыдис, проблемæ æххæстæй иуварсыг æмæ политизацигондæй æвдыст кæм цæуы, ахæм. Гуырдзыстон йе спонсортимæ уый хъары дунеон æмхæларадæн æмæ йæ нысан та, сæйраджыдæр у, цæмæй ма Гуырдзыстон ноджыдæр иу хатт зæгъа искæй территоримæ йæ претензиты тыххæй.

3-4 июны Цхинвалы уыдис Паддзахад Эритреяйы делегаци, Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Осман Салехы сæргълæудæй.

Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады лæмбынæг ныхæсты рæстæджы дыууæ фарсы дæр æруынаффæ кодтой дывæрсыг ахастыты перспективæтыл, политикон диалогы рæзт æмæ алыгъуызон къабæзты æмкуысткæнынады потенциалы фæдыл.

Бадзырдтæ ацыдысты кæрæдзийыл æууæндыны æмæ конструктивон уавæрты.

Ныхæсты фæстæ дыууæ фарсы дæр дзуаппытæ радтой дзыллон информацийы фæрæзты минæвæртты фарстытæн.

 

Цхинвал, 2014 азы 4 июнь

 

 

Гуырдзыстоны делегаци БНО ГА лигъдæтты тыххæй резолюцийы проект æркæсынмæ кæй бахаста, уый фæдыл

Ацы аз 19 майы Гуырдзыстоны делегаци БНОГенералон Ассамблеймæ æхсæзæм хатт бахаста Хуссар Ирыстонæй æмæ Абхазæй лигъдæтты æмæ рæстæгмæ иу ранæй иннæ ранмæ чи ацыдис, уыдон тыххæй резолюцийы проект. Уыцы резолюцийыл хъæлæс аппарын фæнд кæнынц июны фыццаг декадайы.