Новости

Archive

2014 азы 20 майы Хуссар Ирыстон нысан кæны Мысæн æмæ хъынцъымы бон, 1992 азы, Зары хъæуыл цы уæлæмхас фæндаг цæуы, ууыл Гуырдзыстоны экстремисттæ фехстой Хуссарирыстойнаг лигъдæтты колоннæйы. Лигъдæттæн сæ фылдæр хайуыдысты сывæлæттæ, сылгоймæгтæ æмæ зæрæдтæ. Амардысты дзы 11 азæй 72 азы онг кары 33 адæймаджы, 16 та дзы фесты цæфтæ.

2014 азы 14 майы Республикæ Хуссар Ирыстоны кусæгон визитимæ уыдысты Фæскавказы æдасдзинады фæдыл Женевæйы дискусситы æмсæрдæрттæ. Делегаци Цхинвалыфембæлдис Хуссар Ирыстонæй Женевæйы дискусситы хайадисджытимæ фæсконфликтон фарстатæ æрбæстон кæныны фæдыл Президенты Æххæстбарджын минæвар Джиоты М.К. сæргълæудæй.

Ныхас кæныны рæстæджы уынаффæ цыдис, 2014 азы 17-18 июны чи хъуамæ уа, Женевæйы дискусситы уыцы радон 28-æм раундмæ бацæттæ кæныны фарстатыл.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад хъусын кæны Уæрæсейы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады ДАМПИ(У) нысанон бынæттæм конкурсон равзæрстыты хайадисджытæй куырдиæттæ исыны ‘мгъуыд кæй фæуд кæны 2014 азы 23 майы.

Аныхас кæныны æмæ бацæуыны экзаментæй конд чи у, уыцы конкурсон фæлварæнтæ уагъд æрцæудзысты 2014 азы 11-12 июны.

Уæлæмхас зонæнтæ райсыны тыххæй бацæуын хъæуы Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрадмæ ахæм адресыл: Сталины уынг, 18, Хицауады хæдзар, 3-æм æттæгуæлæ, тел.: 45-22-43.

Цхинвал, 2014 азы 13 май

 

5 майы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министры хæстæ æххæстгæнæг Санахъоты Д.Г. йæхимæ райста Боливарианаг Республикæ Венесуэлайы Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын Минæвар Хуан Висенте Паредес Торреальбайы.

Фембæлды рæстæджы Минæвар Министры хæстæ æххæстгæнæгмæ радта æууæнчы грамотаты халдихтæ. Санахъоты Давид Хуан Висентейæн раарфæ кодта, ахæм бæрзонд бынаты йæ кæй снысан кодтой, уый цытæн, загъта йын æнтысджын куысты фæндиæгтæ æмæ ныфс бавæрдта Республикæ Венесуэлайы ‘хсæн æхсæнпаддзахадон ахастытæ рæзын кæныны сæраппонд активон куыст кæй кæндзысты, уый тыххæй.

Украинайы хотыхджын тыхмиты эскалацийы тыххæй хъусынгæнинæгтæ æвзæрын кæнынц ацы бæстæйы хъысмæты фæдыл катайдзинад. Хицауады де-факто, кæцыйы легитимондзинад бындуриуæг кæны Киевы Майданæй кæй райста, ууыл æмæ карз хæст самадтой Украинайы хуссар-скæсæн областты адæмы ныхмæ. Радикалон-националистон организацитæй кæй ацарæзтой, уыцы боевиктæ марынц сабыр цæрджыты, сæ æрд æмæ сын сæ кармæ нæ кæсгæйæ. Режимы размæбырсæг къордтæ æххæст кæнынц æнæхъæнбæстæйы тасуадзæг уæрæхмасштабон акцитæ. Æрмæст 2 майы уыдон Одессайы æргæвдæны кæй сарæзтой, уым мард фесты 40 адæймагæй фылдæр.

4-6 майы Республикæ Хуссар Ирыстоны столицæ Цхинвалы æнхъæлмæ кастæуы Боливарианаг Республикæ Венесуэлайы Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын Минæвар Хуан Висенте Паредеса Торреальбайы æрцыдмæ.

Абон райсом киеваг режим украинаг горæт Славянскы сабыр цæрджыты ныхмæ ракодта бронетехникæйæ ифтонг æфсады, авиаци, артиллери æмæ Рахис секторы экстремисты къордты. Хи адæмы ныхмæ гарзджын тыхтæй спайда кæнын нысан кæны, йæхи Украинайы хицауад чи рахуыдта, уыдонмæ кæй нæй бæстæйы Хуссар-Скæсæн адæмы зæрдæйы уаг бамбарыны æнкъарæн.

25 апрелы, Мæскуыйы, Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министры хæстæ æххæстгæнæг Санахъоты Д.Г. фæмбæлд статс-секретарь – Уæрæсейы Федерацийы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министры хæдивæг Г.Б. Карасинимæ æмæ сын уыдис консультацитæ.

Фембæлды кæрæдзийæн лæмбынæгæй сæ хъуыдытæ загътой, дыууæ фарсæн дæр цымыдисон чи сты, уыцы дывæрсыг ахастыты актуалон фарстаты тыххæй, афтæ ма бæлвырд æрцыдысты æндæр къабæзты дыууæ бæстæйы интерестæн бындурон куыстыты фæдæздæхты дарддæры рæзтмæ.

2014 азы 25 апрелы уыдис Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министры хæсты æххæстгæнæг Санахъоты Д.Г., Уæрæсейы Федерацийы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр С.В. Лавров æмæ Абхазы Республикæйы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр В.А. Чирикбайы кусæгон фембæлд.

Хуссар Ирыстоны æмæ Уæрæсейы ‘хсæн фембæлдтыты фæлгæтты къухтæ фыст æрцыдысты 2014-2015 азты æхсæнмидхъуыддæгты консультациты планыл.

Италимæ Фæсарæйнаг хъуыддæгты министры хæстæ æххæстгæнæг Санахъоты Д.Г. кусæгон балцы тыххæй

2014 азы 27-31 марты Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министры хæстæ æххæстгæнæг Санахъоты Д.Г. кусæгон балцы уыдис Италийы. Балцы фæлгæтты уый горæдтæ Ассизи, Беллуно æмæ Венецийы ауагъта къорд хъуыддагон фембæлды.

Горæт Ассизийы йын фембæлд уыдис горæты мэры фыццаг уынаффæгæнæг Франческо Миньаниимæ, кæцыран æркастысты Цхинвал æмæ Ассизийы ‘хсæн экономикæйы, культурæйы æмæ ахуырады къабæзты перспективон бастдзинæдтæ аразыны фарстатæм.

Фæскавказы æдасдзинад æмæ стабилондзинады фарстаты фæдыл Женевæйы дискусситы 27-æм раунды тыххæй

2014 азы 25-26 марты Женевæйы уыдис Женевæйы дискусситы æнæрадон 27-æм раунд Фæскавказы æдасдзинад æмæ стабилондзинады фæдыл. Фембæлды хайад райстой Республикæ Хуссар Ирыстоны, Абхазы Республикæйы, Гуырдзыстоны, Уæрæсейы Федерацийы, АИШ минæвæрттæ, афтæ ма ЕЦ, БНО æмæ ЕЦÆО. Хуссарирыстойнаг делегацийы сæргъ лæууыдис фæсконфликтон фарстатæ æрбæстон кæныны фæдыл Президенты Æххæстбарджын минæвар Джиоты М.К.