Кæфты мæйы 28-31-æм бонты Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады Æвзонг дипломатты советы минæвæрттæ хайад райстой Æвзонг дипломатты III æхсæнадæмон форум «Меркурий-2025»-йы, кæцы ацыд горæт Мариуполы А.И. Куинджийы номыл Мариуполы паддзахадон университеты фæлгæтты.
Форумы сæйраг темæ ацы аз ссис «Уæлахизы дипломати». Ацы ахсджиаг цау иу фæзуатыл æрæмбырд кодта Уæрæсейы 20 регионы æмæ фæсарæйнаг 20 бæстæйæ æхсæнадæмон ахастыты фадыджы студенттæ, аспиранттæ æмæ æвзонг специалистты, афтæмæй ма паддзахадон структурæтæ æмæ æхсæнадон организациты минæвæртты.