2013 азы 20 майы Хуссар Ирыстоны уагъд æрцыдысты, 1992 азы Зары фæндагыл гуырдзиаг агрессийы амæттаг чи баисты, уыцы сабыр цæрæг адæймæгты нæмттæ мысыны сæраппонд мадзæлттæ.
1992 азы 20 майы æрхъулагонд Цхинвалы горæты иннæ дунеимæ чи баста, Зары уыцы Царды фæндагыл комкоммæ æхст æрцыдис, бахъахъæнæг кæй нæ уыдис, уыцы сывæллæтты, сылгоймæгты æмæ зæрæдты машинæйы колоннæ. Фæмард дзы сты 33 адæймаджы æмæ дзы 16 та фесты цæфтæ. Чи фæмард, уыдонæй се ‘ппæты хистæрыл цыдис 73 æмæ æппæты кæстæрыл та – 11 азы.