2014 азы 8 августы Хуссар Ирыстоны уагъд æрцыдысты Парламенты депутаты æвзæрстытæ. Хъæлæс дæттыны хайад райстой, иумиагæй сисгæйæ, регистрациæрцæуæг æвзарджыты 60%-æй фылдæрæй, кæцытæн уыдис æвзæрстыты цы фараст политикон партийы истой хайад, уыдонæй сæ кæмæн фæндыдис, уымæн йæ хъæлæс сæрибарæй радтыны фадат. 12 бæстæйæ æрцæуæг дунеон цæстдарджытæ нæ бафиппайдтой бæстæйы æвзæрстыты закъондзинад фехалыны иунæг цау дæр æмæ загътой, дзуапп кæй лæвæрдта æвзæрстыты уæлдæр стандарттæн, банысан кодтой, æвзæрстыты процедурæйы æппæт дæр нывыл кæй уыдис, йæ æргомдзинад æмæ демократондзинад.
Заявления МИД РЮО
Лигъдæтты фæдыл БНО ГА цы резолюци райста, уый фæдыл
2014 азы 5 июны БНО Генералон Ассамблея райста лигъдæтты фæдыл Гуырдзыстоны иницииргонд резолюции. Документ у, гуымир æгъдауæй зыгъуыммæгонд чи ‘рцыдис, проблемæ æххæстæй иуварсыг æмæ политизацигондæй æвдыст кæм цæуы, ахæм. Гуырдзыстон йе спонсортимæ уый хъары дунеон æмхæларадæн æмæ йæ нысан та, сæйраджыдæр у, цæмæй ма Гуырдзыстон ноджыдæр иу хатт зæгъа искæй территоримæ йæ претензиты тыххæй.
Гуырдзыстоны делегаци БНО ГА лигъдæтты тыххæй резолюцийы проект æркæсынмæ кæй бахаста, уый фæдыл
Ацы аз 19 майы Гуырдзыстоны делегаци БНОГенералон Ассамблеймæ æхсæзæм хатт бахаста Хуссар Ирыстонæй æмæ Абхазæй лигъдæтты æмæ рæстæгмæ иу ранæй иннæ ранмæ чи ацыдис, уыдон тыххæй резолюцийы проект. Уыцы резолюцийыл хъæлæс аппарын фæнд кæнынц июны фыццаг декадайы.
Адæймаджы бартæ хъахъхъæныны фæдыл БНО уæлдæр къамиссар æхсин Нави Пиллэй, Гуырдзыстоны визиты уæвгæйæ, цы къорд хъусынгæнинаджы сарæзта Хуссар Ирыстоны ситуацийы фæдыл, уыдонæн бынтондæр ницы иудзинад ис хъуыддаджы реалон уавæримæ. Уæлдæр банысангонд къамиссары ныхасмæ гæсгæ, Хуссар Ирыстон ссис «сау афтид бынат» æмæ «зæххыл иууыл зындæр бафтæн кæдæм у, ахæм бынат, цæрыны фадæттæ дзы æппынæдзух кæнынц æвзæрæй-æвзæрдæр».
Абон Мæскуыйы къухтæ фыст æрцыдысты Уæрæсейы Федерацийы скондмæ Республикæ Хъырым æмæ горæт Севастополь райсыны æмæ Уæрæсейы Федерацийы сконды ног субъекттæ сырæзыны фæдыл Бадзырд.
Хуссар Ирыстоны хорзыл нымайынц Уæрæсейы Федерациимæ Республикæ Хъырымы æмæ горæт Севастополь баиу кæныны уынаффæ. Ацы цау, кæцы Хъырымы бирæнацион адæмы фæндондзинады сæххæстæн æмæ æвдисæн у историонрæстдзинад æмæ дунеон барады фæуæлахизæн.
Хуссар Ирыстоны лæмбынæг сæ хъус дарынц Хъырымыцаутæм, кæцыран республикæйы дарддæры хъысмæты фарсты фæдыл уагъд æрцыдис референдум. Хъæлæс кæныны хайад чи райста, уыдонæй 96% фылдæр се’мзæрдæдзинад равдыстой сæ фидæн равзарыны хъуыддаджы Уæрæсейы Федерацийы скондмæ бацæуыны тыххæй.
20 бæстæйæ дзы цы дунеон цæстдарджытæ уыдис, уыдоны хъуыдымæ гæсгæ референдум уагъд цыдис бæрæгбонон уавæрты, дунейон-райстгонд стандартон æмæ демократон процедурæты нормæты закъондæттынад æххæст кæнгæйæ.
Фæстаг рæстæджы дзыллон информацийы фæрæзтæ се’ мыдзаг сты Гуырдзыстоны къухдариуæгады хъусынгæнинæгтæй, цыран уыдон радон хатт «тынг тыхсынц» Республикæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон арæны хаххыл кæй сног сты инженерон-хъахъхъæнæн æмбонды арæзтады куыстытæ, уый фæдыл.
Ацы бонты æгас дунейы хъусдард здæхт у XXII зымæгон Олимпиадæйы райдианмæ. Уый байгом уыдзæнис 2014 азы 7 февралы Уæрæсейы Федерацийы горæт Сочийы. Уæрæсейы Федераци, куыд Олимпиадæ организацигæнæг æмæ уадзæг, афтæ æрсидтис хотыхджын конфликты æппæт хайадисджытæм, цы бæстæты æмæ континенты сты, уыдонмæ нæ кæсгæйæ, цæмæй расидой «олимпион бафидыды» рæстæгæй.
2013 азы 31 декабры Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Тыбылты Леонид Харитоны фырт цы Указ рауагъта, уымæ гæсгæ Гуырдзыстоны ‘мбæстæг Джерапты Таймураз Савелийы фыртæн хатыргонд æрцыдис йæ фыдракæнд, кæй тыххæй йын 2010 азы Республикæ Хуссар Ирыстоны Сæйраг Тæрхондон УФ УК 278 статьямæ гæсгæ тæрхон рахаста 13 азы ‘мгъуыдмæ йæ сæрибардзинад байсын.
НАТО, АИШ æмæ европæйаг структурæтæ уыцы иу рæстæджы цы хъусынгæнинаг апарахат кодтой, уым сагъæсгæнгæ хъуысы, хуссарирыстойнаг хицауад паддзахадон арæн кæй бæстон кæны, афтæ ма Уæрæсемæ Абхазы æмæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад банымайыны уынаффæмæ ногæй æркæсыны тыххæй сидт æнæмæнгдæр арæзт æрцыдис, гуырдзиаг аудитори цæмæ æнхъæлмæ кастис, ахæмæй.
Фæстаг рæстæджы Республикæ Хуссар Ирыстоны æмæ Гуырдзыстоны ‘хсæн паддзахадон арæны районы уынæм, карздæр чи кæны, ахæм провокацион истери. Уый цæуы Гуырдзыстоны къухдариуæгад æмæ йæ ныгуылæйнаг партнертæй.
Официалон Тбилис, мæнг бæлвырдгæнæнтæ парахат кæнгæйæ, цыма арæны хахх гуыррдзиаг территорийы мидæмæ бахæсгæйæ, полици æмæ журналистты ‘ххусæй рапарахат кодтой протестон акцитæ Хуссар Ирыстоны æмæ Гуырдзыстоны ‘хсæн паддзахадон арæн кæуылты цæуы, уый снысан кæныны тыххæй, цы мадзæлттæ ‘ххæст цæуынц, уый фæдыл, бынæттон цæрджыты дæр дзы хæццæ кæнгæйæ.
Уæрæсейы Федераци Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад куы банымадта, ууыл фондз азы сæххæсты боны фæдыл
26 август Хуссар Ирыстоны адæмæн у, историон нысаниуæг кæмæн ис, ахæм бон. Фондз азы размæ, уыцы бон, Уæрæсейы Президент Дмитрий Медведев йæ къух æрфыста хуссарирыстойнаг паддзахады банымайыны тыххæй Указыл.