Рухæны мæйы 17-æм бон æххæст кæны 16 азы Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы ‘хсæн Хæларад, æмгуыстад æмæ иумæйаг æххуысы фæдыл Бадзырды бафыстыл. Ахсджиаг бадзырд ссис дыууæ бæстæйы æхсæнпаддзахадон ахастытæ бæрæг кæныны фыццаг ахæм бындурон документ, кæцыйы ис нæ бæстæты ‘хсæн политикæ, экономикæ, энергетикæ, хæстон-техникон æмгуыстад, зонад, культурæ, ахуырад, информаци, æнæниздзинадхъахъхъæнынады æмæ æндæр фадгуыты стратегион партнерады бындуртæ.
Сообщения МИД РЮО
Рухæны мæйы 5-æм бон Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Гаглойы Алан фембæлд Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсаримæ.
Æддагполитикон уагдоны сæргълæууæг радзырдта хуссарирыстойнаг делегацийы кусæгон балцы фæдыл Республикæ Абхазмæ, цыран бæрæг цыдысты Уæрæсейы Федерацийы ‘рдыгæй хæдбардзинады банымадæй 16 азы рацыды цытæн мадзæлттæ. Кусæгон балцы фæлгæтты РХИ-йы ФХъМ æмæ РА-йы ФХъМ-йы ‘хсæн бафыстгонд æрцыд Консультациты пълан.
Фембæлды рæстæджы ма æрдзырдæуыд Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады, афтæмæй ма фæсарæйнаг уагдæтты куысты фæдыл.
Рухæны мæйы 3-æм бон Цхинвалы Сыгъдæг Мады Майрæмы райгуырды аргъуаны раз Сæйраг фæзуаты ацыд Беслæны трагедийы амæттæгты мысæн акци.
Мысæн мадзалы хайад райстой Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар æмæ Министрады кусджытæ.
Æрæмбырдуæвджытæ иу минут æдзæмæй алæугæйæ ссардтой Беслæны трагедийы амæттæгты рухс ном, «Хъынцъымгæнаг мад»-ы обелискмæ сæвæрдтой дидинтæ.
Фæмардуæвджыты рухс номыл арвмæ суагътой 334 урс шары.
Цхинвал, 2024 азы рухæны мæйы 3-æм бон
Кæфты мæйы 1-3 бонты Ирыстоны цæуынц Беслæны æрцæугæ æвирхъау терактæй 20 азы рацыды охыл мысæн мадзæлттæ. Уыцы трагеди ссис Уæрæсейы ног историйы æппæты уæззаудæр æмæ æбуалгъдæр цаутæй иу.
2004 азы рухæны мæйы 1-æм бон Беслæны скъолайы Зонындзинæдты бæрæгбоны рæстæджы террористтæ амынæттæй систой ахуырдзауты, сæ ныййарджыты æмæ ахуыргæнджыты. Скъолайы агъуысты фыдгæнджытæ æртæ боны дæргъы дардтой 1128 адæймаджы. Æртæ боны адæм хъизæмарæй мардысты æнæ хæрд æмæ æнæ донæй. Цыфыддæр фыдракæнды амæттæгтæ баисты æртæ сæдæ адæймагæй фылдæр – се ‘хсæн сывæллæттæ æмæ сылгоймæгтæ.
Рухæны мæйы 2-æм бон Республикæ Хуссар Ирыстоны Консулон агентады Дзæуджыхъæуы ацыд Горæт Цхинвалы Администрацийы сæргълæууæг Хуыгаты Ромео æмæ горæт Градары (Италийы Республикæ) мэр Филиппо Гасперийы фембæлд, кæцы Беслæны трагедийæ 20 азы рацыды охыл мысæн мадзæлтты хайад райсынæн æрцыд делегаций сконды Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланимæ.
Фембæлды ма хайад райстой Дзæуджыхъæуы уæвæг РХИ-йы Консулон агентады Сæрдар Санахъоты Морис, РХИ-йы ФХъМ-йы Æддагон бастдзинæдты управленийы Сæрдар Джиджджойты Таймураз, РХИ-йы ФХъМ-йы Минæвар Италийы Мауро Мурджа.
Майрæмты мæйы 26-æм бон Республикæ Абхазы ФХъМ-йы ацыд Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсары æмæ Республикæ Абхазы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Сергей Шамбайы фембæлд.
Фембæлды хайад райстой Республикæ Абхазы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министры Хæдивæг Одиссей Бигвава, Абхазы ФХъМ-йы Стратегион æмгуыстады департаменты Сæргълæууæг Джемал Бганба, Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын Минæвар Республикæ Хуссар Ирыстоны Боциты Олег.
Майрæмты мæйы 26-æм бон Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар хайад райста Абхазы фыццаг Президент Владислав Ардзинбайы Мемориалмæ, кæцы ис Сухумы районы хъæу Дæллаг Эшерайы, афтæмæй ма Абхазы дыккаг Президент Сергей Багапшы уæлмæрдмæ Очамчырайы районы хъæу Джгярдайы дидинтæ сæвæрыны церемонийы.
Майрæмты мæйы 26-æм бон Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар хайад райста 1992-1993 азты Абхазы адæмы Фыдыбæстæйон хæсты Фæмардуæвджыты мемориалмæ дидинтæ сæвæрыны церемонийы, кæцы ацыд Сухумы Кады Парчы, Уæрæсейы Федерацийы ‘рдыгæй Республикæ Абхазы Хæдбардзинадæй 16 азы рацыды цытæн.
Церемонийы ма хайад райстой РХИ-йы Парламенты Æддагон политикæ æмæ æхсæнпарламентон бастдзинæдты комитеты Сæрдар Дриаты Заза æмæ РХИ-йы Парламенты Экономикæ, чысыл амалкæнынад æмæ хъæууон хæдзарады фæдыл комитеты Сæрдар Къуезерты Арсен.
Майрæмты мæйы 26-æм бон Уæрæсейы Федерацийы ‘рдыгæй Республикæ Хуссар Ирыстоны Паддзахадон хæдбардзинады банымадæй рацыд æхсæрдæс азы.
Хуссар Ирыстоны ног историйы ацы ахсджиаг бон баст у 2008 азы майрæмты мæйы трагикон цаутимæ. Уæд æппæт æхсæнадæмон бадзырдадты сæрты ахизгæйæ, Саакашвилийы фыдракæнд режим расидт гæрзифтонг конфликт æмæ йæ разы сæвæрдта хæс, цæмæй æнæбасæтгæ ирæтты фесафа зæххы цъарæй æмæ Хуссар Ирыстоны та фестын кæна «сыгъдæг быдыр».
Майрæмты мæйы 25-æм бон Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар кусæгон балцимæ æрцыд Республикæ Абхазмæ. Джиоты Æхсарыл сæмбæлд Республикæ Абхазы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министры Хæдивæг Одиссей Бигвава.
Балцы фæлгæтты Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад æмæ Республикæ Абхазы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады ‘хсæн цæттæ цæуы 2024-2025 азтæм Консультациты пъланы бафыст.
Майрæмты мæйы 21-æм бон Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар райста йæхимæ Кавказы æбæрæгæй чи фесæфт, уыдон фарстаты фæдыл Сырх дзуары æхсæнадæмон комитеты (СДÆК) Минæвар Агнес Котуйы.
Фембæлды хайад райстой Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министры фыццаг хæдивæг Цхуырбаты Андрей, Хуссар Ирыстоны Президенты Фæсконфликтон фарстатæ æрбæстон кæныны фæдыл Æххæстбарджын Минæвары хæстæ ‘ххæст кæнæг Коцты Егор, Хуссар Ирыстоны Президенты цур адæймаджы барты фæдыл Æххæстбарджын Тасойты Инал.
СДÆК-æй – Æдасдзинады хайады кусæг Тедеты Нана.
Майрæмты мæйы 19-æм бон Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар хайад райста тымбыл фынг «Уæрæсе æмæ Хуссар Ирыстоны æмахастытæ: историон хъуыды æмæ глобализацийы æрсидт»-ы куысты, кæцы ацыд Уæрæсейы Федерацийы ‘рдыгæй Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинады банымадæй 16 азы рацыды цытæн ХИПУ-йы.
Мадзалы организатортæ уыдысты Тыбылты Алыксандыры номыл Хуссар Ирыстоны Паддзахадон университет Цæгат-Кавказаг Федералон университетимæ иумæ.