18 январы Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Мурат йæхимæ райста хæдбар æхсæнадæмон эксперт Душан Игньятовичы, кæцы ОБСЕ-йы æрхуындмæ гæсгæ 2015 азæй архайы Гуырдзыстоны агрессийы фæстиуæгæн цы хуссариыстойнаг æмбæстæгтæ фесæфт æбæрæгæй, уыдон ссарыныл.
Ныхасы рæстæджы дзырд цыд æбæрæгæй сæфт æмбæстæгты хъысмæтыл æмæ ма эксперты дарддæры архайдыл 2017 азы.
Банысангонд æрцыд дыууæварсон тырнындзинад ахсджиаг гуманитарон проблемæйы аскъуыддзаг кæныны охыл конструктивон æмгуыстад адарддæр кæнынмæ.