2013 азы 21 февралы Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Санахъоты Д. Г. Мæскуымæ йæ кусæгон балцы рæстæджы фембæлдис Уæрæсейы Федерацийы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министры хæдивæг, статс-секретарь Г. Б. Карасинимæ. Фембæлды ма уыдис РХИ Президенты Æххæстбарджын Минæвар Джиоты М. К.
Ныхасы рæстæджы уынаффæ цыдис Уæрæсейы Федераци æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны ‘хсæн дывæрсыг ахастыты актуалон фарстытæ æмæ Фæскавказы æдасдзинад æмæ стабилондзинады фæдыл Женевæйаг дискусситы цы уавæр ис, уыимæ баст фастытæ дæр.