Гуырдзыстоны президенты пресс-спикер Манана Манджгаладзе куыд фехъусын кодта, афтæмæй Гуырдзыстон фæнд кæны, цæмæй ОБСЕ декабры Саммиты равæра фарст бæстæмæ хъусдарæджы охыл ОБСЕ Мисси раздахыны тыххæй. Гуырдзыстоны хицауады ацы нысаны тыххæй ноджы конкретондæрæй та загъта Гуырдзыстоны фæфарайнагхъуыддæгты министры хæдивæг Нино Каландадзе, кæцы фехъусын кодта, зæгъгæ, официалон Тбилисимæ «ис стыр цымыдисдзинад, цæмæй ОБСЕ исты пайдатимæ раздаха фæстæмæ Гуырдзыстонмæ æмæ сын фадат уа Гуырдзыстоны оккупацигондтерриторийыл мониторинг æххæст кæнынæн».
Комментарии МИД РЮО
2008 азы августы фæстæ дунеон æмæхсæнад фылдæрæй-фылдæр зоны ныры гуырдзиаг режимы æцæг цæсгомы тыххæй. Æхсин Хайди Тальявинийы къухдариуæгæй бацæттæгонд чи æрцыдис, уыцы Евроцæдисы хæдбар Къамисы доклады комкоммæ дæр нысангонд ис уый æмæ растдæр Гуырдзыстон кæй райдыдта 2008 азы 7 августы æнæспровацигонд агрессии Хуссар Ирыстоны ныхмæ. Гуырдзыстоныл æвæрд æрцыдис агрессоры ном æмæ йæ президентæн та дунеон æмæхсæнады йæ президентæн та йæ къух кæмæн нæ фæисынц, ахæм.
Хъыгагæн, констатации кæнын ахæм факт æмæ Гуырдзыстоны къухдариуæгадæн йæ бон нæ бацис, цæмæй йæхицæн хатдзæгтæ сарæзтаит 2008 азы августы трагикон цауты фæстæ.