Комментарии МИД РЮО

Archive

14 октябры Гуырдзыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Ираклий Аласания фехъусын кодта дунеон æмæхсæнады тынг æндæвдадæй Гуырдзыстон кæй райдайдзæнис Хуссар Ирыстоны æмæ Абхазы «деоккупаци» æмæ, зæгъы, дыууæ бæстæйы парламентты нормативон акттæн нæй ницахæм дунеон-барадон нысаниуæг.

Гуырдзыстоны политикты дунеæмбарынады аббераци уыдон джиз дары æцæгдзинадæн объективонæй æсаргъ кæныны хъуыддаджы. Республикæ Хуссар Ирыстоны уæвынады фарст, куыд йæ паддзахадон хицауады органты уынаффæты райст никуыцæй хауы, гуырдзиаг чиновниктæ йын цахæм аргъ скæной, уымæ.

Дунеон экономикон форумы арæнты Г. Маргвелашвилийы раныхасы фæдыл

29 сентябры, Стамбулы, Дунеон экономикон форумы аренайы гуырдзиаг лидер Г. Маргвелашвили фехъусын кодта, зæгъгæ, Уæрæсе Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад куы банымадта, уæд «Гуырдзыстон бафыста 2008 азы евроинтеграцийы тыххæй». Йæ дзырдтæм гæсгæ уый у Гуырдзыстоны «сæрибар равзæрсты тыххæй æфхæрд». Афтæ Гуырдзыстоны ног сæргълæууæг интерпретаци кæны зæронд, раздæр йæ бынаты чи уыдис, уыцы М. Саакашвилийы рæмысæггаг гæдыныхас.

18 марты Республикæ Хуссар Ирыстоны æмæ Уæрæсейы Федерацийы ‘хсæн къухтæ фыст æрцыдысты Æмцæдисад æмæ интеграцийы фæдыл Бадзырдыл. Документыл къухтæ ’рфыссын равзæрын кодта стыр резонанс. Гуырдзыстон æмæ ныгуылæйнаг къорд бæстæйы, объективон æцæгдзинад нæ нымайгæйæ, Бадзырдыл къухтæ ‘рфыссын банымадтой дунеон барад фехалыныл.

Уæрæсейы Федерацийы Гуырдзыстоны премьер-министры сæрмагонд минæвар Абашидзе Зураб сарæзта æнæнхъæлæджы хъусынгæнинаг, кæцыйы ныфсдзинад зæгъы уый фæдыл, зæгъгæ, кæд «Уæрæсе ахъаз кæна мотиваци кæныны фæдыл мах æмæ ирæтты ‘хсæн, мах æмæ абхазæгты ‘хсæн, уæд мах цæттæ стæм, статусимæ баст æппæт ацы фарстатыл ахæцæм иуæрдæм æмæ сыл иудзæвгар рæстæг бынтондæр мауал уынаффæ кæнæм».

Уæрæсейы Федерацийы Гуырдзыстоны премьер-министры сæрмагонд минæвар Абашидзе Зураб сарæзта æнæнхъæлæджы хъусынгæнинаг, кæцыйы ныфсдзинад зæгъы уый фæдыл, зæгъгæ, кæд «Уæрæсе ахъаз кæна мотиваци кæныны фæдыл мах æмæ ирæтты ‘хсæн, мах æмæ абхазæгты ‘хсæн, уæд мах цæттæ стæм, статусимæ баст æппæт ацы фарстатыл ахæцæм иуæрдæм æмæ сыл иудзæвгар рæстæг бынтондæр мауал уынаффæ кæнæм».

НАТО-йы Генералон секретарь Йенс Столтенбергы хъусынгæнинаджы фæдыл

НАТО-Гуырдзыстоны къамисы рабадт ауадзыны фæстæ пресс-конференцийы НАТО-йы Генералон секретарь Йенс Столтенберг сарæзта къорд хъусынгæнинаджы, Уæрæсемæ а
Æрсидтис, цæмæй фæстæмæ асида Хуссар Ирыстоны æмæ Абхазы хæдбардзинады банымад, афтæ ма катайдзинад загъта, Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсе сæ къухтæ цы бадзырдыл æрфыссинаг сты, уый фæдыл дæр.

1 октябры ИНО рæзты Программæйы къухдариуæггæнæг Хелен Кларкимæ фембæлды рæстæджы Гуырдзыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Майя Панджикидзе фехъусын кодта, зæгъгæ, Абхазы ИНО рæзты Программæйы проекттæ, гæнæн ис æмæ æххæст æрцæуой Хуссар Ирыстоны дæр.

Г. Маргвелашвилийы хъусынгæнинаджы фæдыл

Гуырдзыстоны Президент æфсæддон аэродромы куы уыдис, уæд, æвæццæгæн, гуырдзиаг вертолетты тахт фенгæйæ, йæ зæрдæ барухс æмæ сарæзта тынг æнахуыр хъусынгæнинаг, зæгъгæ, дам, Гуырдзыстон план кæны Хуссар Ирыстоны æмæ Абхазы территоритæ фæстæмæ здаха æрмæстдæр сабырадон амалæй æмæ, зæгъы, «Уæрæсе куы басæтта Абхаз æмæ Хуссар Ирыстон Гуырдзыстон скондон хæйттæ кæй сты, ууыл, уæд Уæрæсе нæу Гуырдзыстоны знаг».

Хуссарирыстойнаг къухдариуæгад бирæ хæттыты хъусын кодта, зæгъгæ, Хуссар Ирыстонæн йæ æттагон политикæйы приоритетон фæдæздæхт у Уæрæсейы Федерациимæ дарддæр дæр æввахсдæр кæныны куыст. Дыууæ бæстæйы ‘хсæн интеграцийы процесс цæуы интенсивон æгъдауæй. Абоны онг уал къухтæ фыст æрцыдысты 70-йæ фылдæр æхсæнадæмон сразыдзинадыл, уыцы нымæцы ма бакусыны стадийы ноджыдæр сты къорд ног сразыдзинады, уымæй дарддæр ма бадзырдтæ цæуынц хæлардзинад æмæ æмкуысткæнынады тыххæй гæнæнуæвæг ног бадзырдтыл къухтæ æрфыссыны сæраппонд.

Ацы аз июны Уæрæсейы Федерацийы федералон закъон «Æмбæстагдзинад»-мæ ист æрцыдысты барасткæнинæгтæ. Ацы барасткæнинæгтæм гæсгæ, кæцытæ сæ тыхы бацæудзысты ацы аз, августы, уæрæсейæгтæй ма фæсарæйнаг æмбæстагдзинады паспорттæ дæр кæмæ ис, уыдон хæсджын сты æмæ фехъусын кæной Федерацион миграцион службæйæн, ахæм паспорттæ сæм кæй ис,уый тыххæй, афтæ ма архайын райдайдзæнис йæ басусæг кæныны тыххæй административон æмæ уголовон бæрндзинад.

Фæстаг æзты æндæр æмæ æндæр дунеон фæзуаттыл æмæ бирæ бæрзонд бынат ахсæг ныгуылæйнаг политиктæ арæх аразынц ахæм хъусынгæнинæгтæ, зæгъгæ, Республикæ Хуссар Ирыстоны æппынæдзух æвзæрдæр кæнынц царды уавæртæ, алыран дæр, зæгъы, хæлд цæуынц адæймаджы бартæ. Уыцы иу рæстæджы Гуырдзыстоны фарс хæцджытæ, æвæллайгæйæ, фидарæй фæлхатт кæнынц, цыма, дам, Гуырдзыстон у æнтыстджын витрина æмæ бæрзонд демократийы тырысахæссæг.