Комментарии МИД РЮО

Archive

Украинайы хотыхджын тыхмиты эскалацийы тыххæй хъусынгæнинæгтæ æвзæрын кæнынц ацы бæстæйы хъысмæты фæдыл катайдзинад. Хицауады де-факто, кæцыйы легитимондзинад бындуриуæг кæны Киевы Майданæй кæй райста, ууыл æмæ карз хæст самадтой Украинайы хуссар-скæсæн областты адæмы ныхмæ. Радикалон-националистон организацитæй кæй ацарæзтой, уыцы боевиктæ марынц сабыр цæрджыты, сæ æрд æмæ сын сæ кармæ нæ кæсгæйæ. Режимы размæбырсæг къордтæ æххæст кæнынц æнæхъæнбæстæйы тасуадзæг уæрæхмасштабон акцитæ. Æрмæст 2 майы уыдон Одессайы æргæвдæны кæй сарæзтой, уым мард фесты 40 адæймагæй фылдæр.

Абон райсом киеваг режим украинаг горæт Славянскы сабыр цæрджыты ныхмæ ракодта бронетехникæйæ ифтонг æфсады, авиаци, артиллери æмæ Рахис секторы экстремисты къордты. Хи адæмы ныхмæ гарзджын тыхтæй спайда кæнын нысан кæны, йæхи Украинайы хицауад чи рахуыдта, уыдонмæ кæй нæй бæстæйы Хуссар-Скæсæн адæмы зæрдæйы уаг бамбарыны æнкъарæн.

Украинайы æрцæугæ цауты фæдыл

Фæстаг рæстæджы Хуссар Ирыстоны катайгæнгæ сæ хъус дарынц Украинайы цы вазыгджын цаутæ цæуынц, уыдонимæ, кæцыран паддзахадон фæфæлдæхты фæстиуæгæн Киев æмæ Ныгуылæн Украинайы бирæ горæдтæ бахаудтой хотыхджын радикалон экстремисты къухты. Уыдон архайд кæны масштабондæр æмæ йын ис агрессивон характер.

12 февралы Бафидауын кæныны æмæ æмбæстагон æмбардзинады фæдыл Гуырдзыстоны министр Паата Закареишвили вашингтойнаг Карнегийы Центры йæ раныхасы банысан кодта, зæгъгæ, Уæрæсеимæ Хуссар Ирыстоны æмæ Абхазы бастдзинад у «хæдаразгæ æмæ историон чи нæу, ахæм» æмæ «Уæрæсейæн ныртæккæ регионы чи ис, уыцы иунæг-иу ресурс та у сындзджын тел».

Уæрæсейы Федерацийы Хицауады уынаффæ дипломаттæн зын уавæртæ цы бæстæты ис, уыдон нымæцæй Хуссар Ирыстоны сисыны тыххæй ноджыдæр иу хатт бæлвырд кæны уый æмæ ситуаци Хуссар Ирыстоны стабилон æмæ æдас кæй у, куыд Республикæйы æмбæстæгтæн, афтæ фæсарæйнаг æмбæстæгтæн дæр.

Хуссар Ирыстоны нæ хатынц Гуырдзыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады хъусынгæнинаг æмæ уый фæстæ Гуырдзыстоны уæвæг АИШ минæвар Ричард Норланды æмæ европæйаг сыхагдзинады политикæ уæрæхдæр кæныны Еврокомиссар Штефан Фюлейы дзырдтæ хуссарирыстойнаг фарсы ‘рдыгæй Хуссар Ирыстоны æмæ Гуырдзыстоны арæнарæзтады фæдыл цы мадзæлттæ æххæст кæнынц, уый тыххæй.

Гуырдзыстон æмæ йæ ныгуылæйнаг спонсортæ сæ ныфс нæ сæттынц Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы, сæ «хæдбардзинад сын нæ банымайгæйæ, сæхимæ басайыныл», сæ хæдбардзинад сын нымæг кæнынæй. Евроцæдисимæ Гуырдзыстоны ахастыты сæраппонд Батумы цы конференци уыдис, уым Евроцæдисы Æттагон архайды Службæйы минæвар Гунар Виганд йæ раныхасы раразмæ кодта ахæм инициативæ, зæгъгæ, Брюссель æмæ Тбилисы ‘хсæн сæрибарæй базар кæныны тыххæй къухæрфыссынмæ цы ассоциаци цæттæ цæуы, уый иу хай хъуамæ апарахатгонд æрцæуа Хуссар Ирыстон æмæ Абхазыл.

БНО ГА йæ пленарон 67-æм рабадты цы резолюци райста, уый фæдыл

2013 азы 13 июны Нью-Йоркы БНО ГА 67-æм пленарон рабадты ист æрцыдис Гуырдзыстоны резолюци Хуссар Ирыстон æмæ Абхазæй лигъдонты æмæ рæстæгмæ иу бынатæй иннæмæ сæ цæрæн бынæттæ цы адæймæгтæ аивтой, уыдон фæдыл. Рекомендацигæнæг характер кæмæн уыдис БНО ГА ахæм резолюцитæ ныр ист цæуынц фæд-фæдыл фондз азы дæргъы.

Гуырдзыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады хъусынгæнинаджы фæдыл

2013 азы 28 майы Гуырдзыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад йæ æнæразыдзинад загъта, цыма Хуссар Ирыстоны арæн уæрæсейаг æфсæддонтæ æварстæй ахастой размæ æмæ йæ бабастой сындзтелæй Дицы æмæ Дуаны хъæуты цур фадгуыты.

2013 азы 20 майы Гуырдзыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министры хæдивæг Давид Закалиани брифингы фехъусын кодта: «Гуырдзыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад кæй æххæст кæнынц, уыдонæй сæйрагдæртæй иу у хæдбардзинад ма банымайын æмæ уымæ бахъавдтытæ мах иунæг бон дæр не ‘рурæдтам».

ЕЦПА уалдзыгон сессийы Гуырдзыстоны премьер-министры раныхасы фæдыл

2013 азы 23 апрелы Гуырдзыстоны премьер-министр Бидзина Иванишвили раныхас кодта Страсбургы Европæйы Цæдисы Парламентон Ассамблейы сессийы æмæ æрдзырдта Гуырдзыстоны политикæйы сæйраг фæдæздæхтытæ æмæ æттагон политикæйы хæсты тыххæй. Сæрмагондæй загъта, зæгъгæ, «алчи дæр зоны нæ территорийы 20 проценты нын 2008 азы Уæрæсе кæй соккупаци кодта, уый».