Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсары пресс-конференцийы фæдыл 2025 азы фæстиуджыты тыххæй

Пресс-конференция А.М. Джиоева по итогам года

Цыппурсы мæйы 4-æм бон Информаци æмæ мыхуыры комитеты пресс-центры ацыд Хуссар Ирыстоны фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсары пресс-конференци ацæугæ азы фæстиуджыты фæдыл.

Пресс-конференцийы рæстæджы загъд сæйраг тезистæ.

Æмгуыстад размæ кæнын

Джиоты Æхсары ныхæстæм гæсгæ, 2025 аз ссис ахсджиаг. Фыццаджыдæр, Стыр Фыдыбæстæйон хæсты Уæлахизыл сæххæст 80 азы. Хуссар Ирыстоны адæм стыр хайбавæрд бахастой Стыр Фыдыбæстæйон хæсты Уæлахизмæ: удуæлдайæ æмæ хъæбатырæй тох кодтой хæсты быдыры. Стыр Уæлахизы цытæн бæрæгбон уыд æппæтадæмон, ацыд Мæскуыйы. Мадзæлтты хайад райста РХИ-йы Президент Гаглойты Алан дæр.

«Мæскуымæ балцы рæстæджы Алан Эдуарды фырт фембæлд Уæрæсейы Президент Владимир Путинимæ. Уæрæсе у Хуссар Ирыстоны сабырад æмæ æдасдзинад бахъахъхъæныны гарант, нæ фарсмæ ис социалон-экономикон рæзты фадыджы дæр.

Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсе активонæй æмархайынц алыхуызон фадгуыты. Путин банысан кодта, УФ кæй тырны нæ бæстæйы сабырад æмæ æдасдзинад хъахъхъæнын, афтæмæй ахъаз у йæ размæдзыдæн. Уый нæ сывæллæттæн фадат дæтты ахуыр кæнын æмæ размæ цæуынæн. Уæрæсейы позици ацы фарстайы у æнаивгæ, йе 'ххуысæн мах стыр аргъ кæнæм», – банысан кодта уый.

Джиоты Æхсар ма банысан кодта, Мæскуымæ балцы фæлгæтты кæй ацыд Гаглойты Аланы фембæлд Никарагуа æмæ уыцы рæстæджы президент Милорад Додикы сæргълæудæй Сербаг Республикæйы делегацитимæ. Æрæджы Сербаг Республикæйы ацыдысты æвзæрстытæ, кæцыты фæуæлахиз Синиша Каран. РХИ-йы Президент ын раарфæ кодта йæ равзæрсты фæдыл. Дарддæр къахдзæфтæ арæзт цæудзæн ног къухдариуæгадимæ ахастытæ райрæзынæн. Мæскуыйы мадзæлтты фæлгæтты ацыд Республикæ Беларусы сæргълæууæг Александр Лукашенкоимæ. «Беларусы адæм уæзгæ хайбавæрд бахастой фашизмы ныхмæ фæуæлахизмæ. Беларус æмæ Уæрæсе стыр хъусдард здахынц фæмардуæвджыты рухс ном бавæрынмæ, дих кæнынц уæзгæ фæрæзтæ, цæмæй цыртдзæвæнтæ арæзт æмæ реставраци цæуой», – загъта Министр.

2025 аз ссис юбилейон Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы 'хсæн Æмцæдис æмæ интеграцийы фæдыл бадзырдæн, кæцы бафыстгонд æрцыд 2015 азы. 2008 азы Уæрæсе Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад куы банымадта, уый фæстæ ацы документ дыууæ бæстæйы 'хсæн у дыккаг бындурон бадзырд, æмæ æххæссы бирæ фадгуытыл, се ‘хсæн æдасдзинад æмæ экономикон размæдзыды фарстатæ.

ФХъМ-йы Сæрдар банысан кодта, абоны бон дæр кæй цæуынц æххæст йæ уагæвæрдтæ уæрæсейаг коллегæтимæ æмгуыстады фæдыл. Уæлдай хъусдард здæхт цæуы дывæрсон ахастыты райрæзтмæ. Куыд æдасдзинады гарант, афтæ Уæрæсейы Федерацийы фæрцы Хуссар Ирыстон æнтысджынæй размæ кæны æндæр фадгуытæ дæр.

Абоны бон бафыстгонд æрцыдысты 140 дывæрсон документæй фылдæр, фæлæ дарддæр дæр куыст цæуы, уыцы нымæц фылдæр кæндзæн. «Бафыстгонд документты ‘хсæн – хицæн бадзырдтæ æмæ суагъæтæ. Республикæ активонæй æмархайы УФ-йы субъекттимæ. Хъæуы банысан кæнын Цæгат Ирыстонимæ æмгуыстад дæр, уымæн æмæ нæ адæмы фылдæр хай цæры уым æмæ УФ-йы ацы субъектимæ махæн ис иумæйаг историон хъысмæт. Мах – иу адæм. Абоны бон РХИ-йы Экономикон размæдзыды министрад ФХъМ-йы æххуысæй кусы радон документыл РЦИ-Аланиимæ», – фехъусын кодта уый.

Ацы аз республикæ банысан кодта 35 азы йæ сырæзтæй. Ацы бонæн ис стыр нысаниуæг, уымæн æмæ 1990 азы республикæйы расидт æмæ уый фæстæ саразгæ къахдзæфтæ æркодтой хæдбардзинад æмæ паддзахаддзинады рæзтмæ. Хæдбардзинады акт Хуссар Ирыстон райста 1992 азы зæрдæвæрæны мæйы 29-æм бон. Актæн ис уæзгæ политикон-барадон нысаниуæг, æмæ мах стыр аргъ кæнæм не 'мбæстæгтæн, кæцытæ зын рæстæджы райстой ацы документтæ. Сæ профессионализм æмæ фæстиуæгджын куысты фæрцы мах абон ис хорз фидæны ныфс.  

Республикæйы сырæзтæй 35 азы рацыды цытæн Æхсæнадæмон форуммæ æрцыд президент Бадра Гумбайы сæргълæудæй стыр делегаци Абхазæй. Форумы рæстæджы бафыстгонд æрцыдысты 10 дывæрсон бадзырдæй фылдæр. Хайад дзы истой Уæрæсейы Президенты Администрацийы Сæргълæууæджы Фыццаг хæдивæг Сергей Кириенко, РЦИ-Аланийы сæрдар Сергей Меняйло, Уæрæсейы экономикон размæдзыды министр Максим Решетников æмæ æндæр официалон минæвæрттæ. Уый дзурæг у Уæрæсейы 'рдыгæй стыр хъусдардыл.

Банысан кæнын хъæуы æндæр ахсджиаг бонтæ дæр – Уæрæсейы ‘рдыгæй Хуссар Ирыстоны хæдбардзинады банымад – майрæмты мæйы 26-æм бон, рухæны мæйы дипломатон ахастыты сфидар æмæ афтæ дарддæр.

Алан Эдуарды фыртæн ис æдзухон бастдзинад Уæрæсейы къухдариуæгадимæ. Ацы аз ацыдысты телефонæй ныхас æмæ йæ фембæлд Уæрæсейы Президентимæ. Ацы аз сæрды горæт Минеральные Водыйы форумы фæлгæтты ацыд Гаглойты Аланы фембæлд УФ-йы премьер-министримæ, афтæмæй ма ацыд социалон-экономикон размæдзыды фæдыл хуссарирыстойнаг-уæрæсейаг æхсæнпаддзахадон къамисы радон рабадт.

Мишустин банысан кодта уыцы къамисы ахсджиагдзинад экономикон æмгуыстадæн.

«Ахсджиаг здæхт у Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы ‘хсæн паддзахадон арæны делимитаци æмæ демаркацийы фæдыл къамисы куыст. Къамисы сæйраг нысан – Уæрæсе æмæ Хуссар Ирыстоны ‘хсæн паддзахадон арæны хахх сбæрæг кæнын», – банысан кодта министр.

ФХъМ-йы Сæрдары ныхæстæм гæсгæ, Уæрæсеимæ æмархайд дарддæр цæуы, уый нымæцы æддагполитикон уагдæттимæ бастдзинæдтæ дæр. Арæх вæййы фембæлдтытæ дыууæ бæстæйы ФХъМ-йы сæрдæрттæн. Сергей Лавровимæ фæстаг фембæлд ацыд кæфты мæйы 1-æм бон Сочийы, кæцыйы фæлгæтты бафыстгонд æрцыд æхсæнуагдонон консультациты пълан. «Ацы фембæлдтытæ æндавынц дывæрсон æмархайды æмæ регионалон æдасдзинады фарстатыл. Консультациты пълан фадат дæтты æхсæнпаддзахадон фарстатæ сæ рæстæгыл скъуыддзаг кæнынæн.

Сергей Лавров тынг хъарм ахаст дары Хуссар Ирыстонмæ, алыхатт дæр нын æхсызгон уыдзæн йе 'рцыд», – банысан кодта Хуссар Ирыстоны ФХъМ-йы сæрдар.

Джиоты Æхсар радзырдта, Уæрæсейы æххуысæй Хуссар Ирыстонæн цы фадæттæ ис, сæрмагондæй, ФХъМ-йы хаххыл, уый фæдыл. Æмгуыстады фæрцы не 'мбæстæгтæн ис Уæрæсейы раззагондæр ахуыргæнæндæттæм бацæуыны фадат – МГИМО æмæ Дипломатон академимæ. Ацы аз дæр студентты ноджы иу къорд бацыдысты ацы университеттæм. «Фæлæ хъæуы банысан кæнын уый, æмæ алыхатт нæ бон нæ вæййы рауагъдонтæй алкæмæн дæр куысты бынæттæ ссарын. Хъыгагæн, уый баст у паддзахадон службæйы уæвæг нормæтимæ. Уыимæ иумæ мах дарддæр кæнæм нæ кадрон резерв уæрæх кæнын, цæмæй нын уа фылдæр фадæттæ куыстмæ райсынæн», – банысан кодта министр.

Æдасдзинады фарстатæ

Хуссар Ирыстон уайтагъддæр дзуапп ратты хуссайраг сыхæгты раныхæстыл. «Хуссайраг сыхæгтимæ æмахастытæ æрбæстон кæныны фæдыл нырма куыст йæ кæронмæ нæ бацыд, иннæ фарсæрдыгæй нæ цæуынц юридикон хæсджынгæнæг бадзырдадтæ фыст, кæцытæ махæн фадат дæттиккой, æдасдзинад нын кæй ис, ууыл æппæтварсонæй дзурынæн. Уæрæсе у нæ бæстæйы æдасдзинады гарант, æмæ махмæ ис бæрæг бæлвырд дывæрсон документтæ. Æдасдзинады фарстатыл дзырд цæуы æхсæнадæмон дискусситы. Хуссарирыстойнаг хайадисджытæ æппæтварсонæй хæссынц рæгъмæ Хуссар Ирыстоны позици. Хъыгагæн, Гуырдзыстон нæ нæ хъусы.

Хаттæй-хатт гуырдзиаг политикты фидиуæнтæ рацæуынц сæхи ныхæсты ныхмæ. Уыцы хæццæдзинад æмтъеры хæссы уавæрмæ», – бахахх кодта Джиоты Æхсар.

Ацæугæ азы Гуырдзыстоны парламентон æвзæрстыты фæстæ райдыдтой нæразыйы акцитæ, уый дзурæг у ууыл, æмæ гуырдзиаг æхсæнад дихтæ кæй цæуы.

ФХъМ-йы Сæрдар банысан кодта, Хуссар Ирыстоны сæйраг куыст здæхт кæй у юридикон хæсджынгæнæг документ æрфыссынмæ.

Хуссар Ирыстоны хæдбардзинады банымад æмæ ирæтты геноцид

Æддагполитикон уагдоны хæс – æддагон бастдзинæдты ауæрæхкæнынад, уæвæг ахастытæ сфидар кæнын æмæ ногтыл бакусын. «Уыцы процесс цæуы. Дывæрсон бадзырдадты фæлгæтты мах активонæй æмгуыст кæнæм уæрæсейаг коллегæтимæ, æнгомæй куыст цæуы æддагон политикæйы фарстаты. УФ-йы ФХъМ нæ фарсмæ ис уыцы фарстаты», – банысан кодта ФХъМ-йы сæрдар.

1920 азы геноциды æппæт дунейон банымадыл куы дзурæм, уым та хъæуы банысан кæнын, Хуссар Ирыстоны парламент кæй райста бæрæг бæлвырд документтæ, Хуссар Ирыстоны æртымбыл æрмæг. Уыцы процесс дарддæр цæуы. «Нæ куысты сæйраг нысан уыд, цæмæй нæ адæмы рыст æмæ хъизæмар базоной куыд фылдæр фæсарæйнаг паддзахады, – дзуры Министр. – Мæскуыйы ис швейцариаг минæварады цур Гуырдзыстоны интересты секци. Цыдæр рæстæг уыдон нал истой трагикон бонтимæ баст æрвыстæгтæ махæй. Фæлæ сæм мах уæддæр æрвыстам геноцид æмæ æндæр трагикон бонтимæ баст æрмæджытæ, се 'хсæн зæрдæвæрæны мæйы 20-æм бон æмæ Ереды трагеди дæр. Ацы секцийы уылтыл арвитæм алыхуызон информацион æрмæджытæ, уый нымæцы гуырдзиаг фарсмæ дæр. Уадз æмæ сæ кæсой».

Белоруссиимæ æмгуыстад

Джиоты Æхсар хайад райсы Бресты мысæн мадзæлтты. Брестмæ хæстæг ис æфсымæрон уæлмæрдтæ, иуы дзы ныгæд у Стыр Фыдыбæстæйон хæсты хайадисæг Хуссар Ирыстонæй Дриаты Баграт Максимы Фырт, кæцы хъайтаронæй хæцыд белорусаг зæхх ссæрибар кæныны рæстæджы. Хуссарирыстойнаг делегаци ссардта Дриаты Баграты рухс ном.

Махмæ ис Беларусимæ гуманитарон, культурон æмæ спортивон æмгуыстад кæныны фæнд. Ацы аз Бресты ерысты хайад райстой хуссарирыстойнаг боксертæ. Ерысты райдианы схæцыдысты РХИ-йы паддзахадон тырысайыл æмæ зæлыд Хуссар Ирыстоны гимн.

Ацы фадыджы активонæй кусы Культурæйы министрад дæр. Беларусимæ æрбангом кæныны фæдыл куыст адарддæр уыдзæн Уæрæсе æмæ Беларусы Æмцæдисон паддзахады структурæты фадыджы дæр. Æмархайд цæудзæн культурон æмæ гуманитарон фадыджы» – банысан кодта министр.

Ацы аз Хуссар Ирыстонæй хистæркъласонтæ хайад райстой «Уæлахизы Поезд»-ы. Бабæрæг кодтой Стыр Фыдыбæстæйон хæсты горæттæ, се 'хсæн Брест дæр.

ФХъМ хъавы дарддæр дæр уæрæх кæнын æмгуыстад. Æрæджы Джиоты Æхсар фембæлд Æмцæдисон паддзахады Паддзахадон Секретарь Сергей Глазьевимæ. «Абоны бон нæ хъусдард здæхт у фылдæр культурон æмæ гуманитарон фарсмæ, фæлæ нæ ныфс ис, политикон фарстатæм дæр кæй æрæввахс уыдзыстæм», – фехъусын кодта уый.

Министр банысан кодта парламентон æмархайды фадыг дæр. Хуссар Ирыстоны Парламент 2008 азы кæфты мæйæ у Уæрæсе æмæ Беларусы Æмцæдисады Парламентон æмбырды æнаивгæ цæстдарæг. Ацы бонты Мæскуыйы цæуы Хуссар Ирыстон æмæ Беларусы, афтæмæй ма æндæр бæстæты депутатты хайадистимæ æхсæнадæмон конференци.

Уæрæсейы скондмæ бацæуыны фарст

Джиоты Æхсар куыд банысан кодта, афтæмæй Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы скондмæ бацæуыны фарст у дывæрсон процесс. Абоны бон уæрæсейаг фарс иу æмæ дыууæ хатт нæ банысан кодта, Хуссар Ирыстоны кæй нымайы хæдбар паддзахадыл. «Мах бындуриуæг кæнæм уæвæг æцæгдзинадыл æмæ хынцæм нæ алыварс цæуæг геополитикон процесстæ. Уæрæсейаг коллегæтимæ ахастытæ дарддæр цæуынц. Фидæны ист æрцæудзысты æмбæлон уынаффæтæ, кæд æмæ ацы фарстайы фæдыл кæрæдзиæмбарынад къухты бафта.

Нæ ахастытæ бæрæг цæуынц бадзырдон-барадон бындурæй. Уыдоны ‘хсæн ис интеграцион процесстæ æмæ æндæр фадгуыты æмархайд дæр. Кæцыдæр здæхтыты нæ ахастытæ Уæрæсеимæ афтæ æнгом сты, æмæ уымæй æнгомдæр æрмæстдæр Уæрæсе æмæ Беларусæн æмцæдисон паддзахады форматы», – нымайы Министр.

СХО...

Хуссар Ирыстоны минæвæрттæ хайад исынц сæрмагонд хæстон операцийы. Хъыгагæн, чидæртæ дзы фæмард сты, фесæфтысты æбæрæгæй. «Мах ныфс ис, нæ лæппутæ хæдзармæ кæй æрыздæхдзысты æнæнизæй».

Уавæр у зын, уымæн æмæ Уæрæсейы ныхмæ сты канд Украинæйы гæрзифтонг тыхстæ нæ, фæлæ ма НАТО-йы æнæхъæн блок. «Проблемæ ис фашизмы идеологийы, кæцы, хъыгагæн, бацахста бирæ украинæгты мæгъзтæ æмæ зæрдæтæ. Истори чи хъахъхъæны æмæ культурон нормæты ‘вварс чи у, уыдоны хъæуы хицæн кæнын националистон къордтæй.

Дуне ис зын рæстæджы. Фæстæмæ фæндаг нал ис. Уæрæсе æмæ йæ къухдариуæгад алцы дæр аразынц, цæмæй тæссагдзинад фæкъаддæр уа», – банысан кодта уый. 

Джиоты Æхсар радзырдта Америкæйы Иугонд Штатты минæвæртты Президент Путинимæ фембæлды фæдыл. Вашингтоны ног администрацийæн, æвæццæгæн, ис æндæр цæстæнгас уавæрмæ, фæлæ уый нæ нысан кæны, уæвæг æцæгдзинадæй дард кæй цæуы, уый.

«Ныфс нæ ис, æмæ ацы цаутæн кæрон кæй æрцæудзæн. Историйы ис дæнцæгтæ, кæд-иу конфликттæ фесты бæрæг бæлвырд документты бафыстæй», – загъта Министр.

Никарагуа æмæ Венесуэлæимæ бастдзинæдтæ

Хуссар Ирыстон у Венесуэлæ æмæ Никарагуайы ‘вварс. Латинаг Америкæйы дыууæ бæстæйы систы фыццæгтæ, кæцытæ Уæрæсейы фæстæ банымадтой Хуссар Ирыстоны.

«Хуссар Ирыстоны къухдариуæгад æмæ адæм стыр аргъ кæнынц уыцы къахдзæфæн. Дæрддзæфдзинадмæ нæкæсгæйæ, мах дарддæр кæнæм активон æмархайд.

Нæ бастдзинæдтæ ацы бæстæты официалон минæвæрттимæ, се 'хсæн ФХъМ æмæ Мæскуыйы минæварад, сты æдзухон. Ацы аз рухæны мæйы Никарагуайы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Людвинг Джентске республикæйы сырæзтæй 35 азы рацыды цытæн бабæрæг кодта РХИ, уый дзурæг у Никарагуайы стыр хъусдардыл Хуссар Ирыстонимæ ахастытæм», – радзырдта Министр.

Венесуэлæйыл куы дзурæм, уæд уавæр ацы бæстæйы æмæ йæ алыварс у вазыгджын. Рухæны мæйы 18-æм бон Джиоты Æхсар Мæскуыйы фембæлд Венесуэлæйы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министры хæдивæг Андреа Кораноимæ. Нæ ахастытæ дарддæр кæнынц æмæ ФХъМ лæуд у ууыл, цæмæй уæрæх æмæ фидардæр кæной.

https://ugo-osetia.ru/politika/prioritetnye-voprosy-vneshnej-politiki

07.12.2025