Джеоргуыбайы мæйы 28-æм бон Хетæгкаты Къостайы номыл гимназ «Альбион»-ы ацыд Æвзонг дипломатты клубы цытджын баконд. Мадзалы хайад райстой Республикæ Хуссар Ирыстоны ФХъМ-йы Æвзонг дипломатты советы Сæргълæууæг Санахъоты А.Г. æмæ РХИ-йы ФХъМ-йы Æддагполитикон бастдзинæдты управленийы консультант Уалыты Е.П.
Рабадты рæстæджы ахуырдзаутæ равдыстой сæ цымыдисдзинад æхсæнадæмон ахастыты истори æмæ дипломатимæ. Скъоладзаутæ радзырдтой Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы æддагон политикæйы райрæзты ахсджиагдæр рæстæджытыл.