Сусæны мæйы 17-æм бон Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын Минæвар Республикæ Абхазы Астамур Кация радта æууæнчы гæххæттытæ Республикæ Абхазы Президент Бандра Гунбайæн.
Президент банысан кодта, Абхаз æмæ Хуссар Ирыстоны рагæй фæстæмæ кæй иу кæнынц æфсымæрон ахастытæ, кæцытæ бындуриуæг кæнынц иу хъысмæт æмæ бирæазон æххуысыл, афтæмæй ма загъта Минæварæн бæрнон дипломатон куысты æнтыстыты фæндиæгтæ, кæцытæ ахъаз уыдзысты паддзахадты ‘хсæн хæларадон бастдзинæдтæ сфидар кæнынæн.
Астамур Кация равдыста йæ цæттæдзинад Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы 'хсæн дывæрсон æмгуыстад уæрæх кæныны фæдыл куыст дарддæр кæнынмæ.
2026 азы сусæны мæйы 17-æм бон