Хуссар Ирыстоны Фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министры х.æ. Джиоты Æхсары пресс-конференцийы фæдыл Мæскуыйы Уæрæсейы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Сергей Лавровимæ фембæлды хатдзæгты тыххæй

Ахсар Джиоев

Кæфты мæйы 5-æм бон Информаци æмæ мыхуыры комитеты пресс-центры ацыд Республикæ Хуссар Ирыстоны Фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министры х.æ. Джиоты Æхсары пресс-конференци Мæскуыйы Уæрæсейы Федерацийы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Сергей Лавровимæ фембæлды хатдзæгты тыххæй. 

Дзыллон информацийы фæрæзты минæвæрттимæ фембæлды рæстæджы Джиоты Æхсар бахахх кодта, уæрæсейаг коллегæимæ фембæлдтытæн кæй ис æдзухон здæхт. Дыууæ фарс дæр æрдзырдтой æппæтварсон фарстатыл: Æмцæдисон æмархайд уæрæх кæныны фæдыл бадзырдæй регионалон æдасдзинады проблемæтæ æмæ Æввахс Скæсæн æмæ Латинаг Америкæйы уавæры онг. 

Министры хæстæ æххæстгæнæг банысан кодта, дунеон сæйраг фарстаты Цхинвал æмæ Мæскуыйы цæстæнгас кæй у иухуызон. Министрадты ‘хсæн æнгом æмархайд, афтæмæй ма дипломатон минæварадты куыст ахъаз сты æддагполитикон хæстæ æвиппайды скъуыддзаг кæнынæн. Сæйраг хъусдард аздæхтæуыд консультациты пъланы фæлгæтты архайды координацимæ. 

Афтæмæй ма нысангонд æрцыд, æхсæнадæмон банымад уæрæх кæныны фарста кæй у ахсджиагдæр республикæйæн. Дунейы ивындзинæдтæм нæкæсгæйæ, уæрæсейаг дипломаттимæ иумæ Хуссар Ирыстон дарддæр кæны æндæр бæстæтимæ куыст. Сириимæ ахастытыл дзургæйæ, Джиоты Æхсар банысан кодта, Цхинвал цæттæ кæй у Дамаскимæ æмгуыстад дарддæр кæнынмæ. 

Министры хæстæ æххæстгæнæг банысан кодта Хуссар Ирыстоны æхсæнадæмон бастдзинæдтæ уæрæх кæныны фарста, сæрмагондæй, Республикæ Беларусимæ. Минск официалон æгъдауæй ныма нæ банымадта Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад, фæлæ уымæ нæкæсгæйæ, æмгуыстадæн уæвæн ис политикæмæ дард фадгуыты дæр. Сæйраг хъусдард здæхт цæуы æмархайды размæдзыдмæ спорт, культурæ, æмæ æхсæнпарламентон бастдзинæдты фадыджы. Ам Джиоты Æхсар банысан кодта, Хуссар Ирыстоны Парламентæн 2008 азæй фæстæмæ кæй ис æнæивгæ цæстдарæджы статус Уæрæсе æмæ Беларусы Æмцæдисон паддзахады Парламентон æмбырды. 

Фембæлды ахсджиаг темæ ссис Уæрæсейы Федерациимæ паддзахадон арæны делимитаци æмæ демаркацийы фæдыл куыст. Джиоты Æхсар банысан кодта, дыууæ фарс дæр кæй цæттæ кæнынц документ бафыссынмæ. 

Уыимæ иумæ Фæскавказы Æдасдзинады фæдыл æхсæнадæмон дискусситы Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсе домынц, цæмæй республикæйы хуссар арæнтæ райсой æхсæнадæмон-барадон хуыз. Джиоты Æхсар куыд банысан кодта, афтæмæй Цхинвалæн ахсджиаг у Гуырдзыстонимæ арæныл стабилондзинад бахъахъхъæнын, цæмæй фидæны ахастытæн уа æмбар здæхт. Фæлæ уыцы фадыджы ахсджиаг у æдасдзинады фарста, сæрмагондæй, Тбилисы 'рдыгæй тыхæй ма спайда кæныны фæдыл юридикон хæсджынгæнæг документ. 

Уымæй дарддæр ма Джиоты Æхсар радзырдта ног бадзырды фæдыл, кæцы здæхт у Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы 'хсæн æмархайд уæрæх кæнынмæ. Ацы документы фæрцы гом кæнынц ног фадæттæ интеграцион процессты размæдзыдæн, кæцытæ 2015 азæй фæстæмæ æххæссынц æмгуыстады алыхуызон фадгуытыл. Сæйраг хъусдард здæхт цæуы æппæтварсон размæдзыдмæ, уыйхыгъд социалон-экономикон фадыджы дæр, кæцы у Республикæ Хуссар Ирыстоны ног къухдариуæгады куысты ахсджиагдæр здæхт. Республикæйы цæрджыты царды 'мвæзад фæхуыздæр кæнын у паддзахаддзинады размæдзыд æмæ фидаркæнынады ахсджиагдæр бындур. 

Хатдзæгтæ кæнгæйæ, Министры х.æ. банысан кодта, Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы 'хсæн ахастытæ размæ кæй цæуынц æмæ æппæтварсонæй кæй фидар кæнынц. Ацы фадыджы куысты бæрæг бæлвырд фæстиуджыты фæдыл республикæйы ФХъМ хъусын кæндзæн æхсæнадæн. 

2026 азы кæфты мæйы 5-æм бон

 

05.10.2026