Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар арвыста арфæйы фыстæг Уæрæсейы Федерацийы Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын Минæвар Республикæ Хуссар Ирыстоны Марат Кулахметовмæ Уæрæсейы Федерацийы Конституцийы боны цытæн.
Сæрмагондæй, арфæйы дзырдæуы:
«1993 азы цыппурсы мæйы 12-æм боны ист Уæрæсейы Бындурон закъон ссис æмбæстагон сабырдзинады гарант, бæстæйы демократон размæдзыды, æддагон æмæ мидполитикæйы фидаркæнынады бындур.