Иумæйаг хуссарирыстойнаг-уæрæсейаг демаркацион къамисы Дыууадæсæм рабадты хатдзæгты фæдыл хъусынгæнинаг мыхуырæн

МИД Южной Осетии

2026 азы хурхæтæны мæйы 15-19 бонты Республикæ Хуссар Ирыстоны (г. Цхинвал) ацыд Иумæйаг хуссарирыстойнаг-уæрæсейаг демаркацион къамисы (дæлдæр – Иумæйаг къамис) Дыууадæсæм рабадт.

Æрдзырдæуыд Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы ‘хсæн паддзахадон арæнæн æхсæнадæмон-барадон хуыз раттыны фæдыл.

Фембæлд ацыд сабыр æмæ хæларадон уавæры.

Иумæйаг къамисы радон рабадты бон æмæ бынат нысангонд æрцæудзысты дипломатон каналты уылтыл.

19.06.2026