ИНО-йы Генералон Ассамблейы 79-æм сессийы фæлгæтты райстæуыд Хуссар Ирыстон æмæ Абхазæй лигъдæттæ æмæ мидбынаты иу ранæй иннæ ранмæ чи ацыд цæрынмæ, уыдоны уавæры фæдыл резолюци. Уыцы резолюцийы райст сцырын кодтой Гуырдзыстон æмæ йæ «хæлæрттæ».
Хуссар Ирыстон иу æмæ дыууæ хатты нæ бахахх кодта, æхсæнадæмон фæзуаттæ кæй дарддæр кæнынц уавæры æцæгдзинадæн дзуапп чи нæ дæтты, ахæм позицийыл хæцын.
«Размæдзыд» Ныгуылæн йæ цæстытæ ‘хгæны æмæ нæ уыны Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы политикон-барадон статус, кæцы нымад у Иугонд Нациты Организацийы бæстæтæ-уæнгты ‘рдыгæй, ирон æмæ абхазаг адæм цы амæттæгтæ баййæфтой гуырдзиаг националистон режим æмæ хæстон агрессийæ, æппæт уыцы факттæ.
Хуссар Ирыстоны 'рдæм «оккупаци» æмæ «оккупацигонд территоритæ»-йы æмбарынадтæй пайда кæныны æнæрастдзинад иу æмæ дыууæ хатты не ‘рцыд фидаргонд, уый нымæцы Фæскавказы æдасдзинад æмæ стабилондзинады фæдыл æхсæнадæмон дискусситы форматы дæр, цыран хайадисæг у ИНО.
Хъыгагæн, æууæнкдзинад сфидар кæнын, гуырдзиаг агрессийы амæттæгтæн ИНО-йы трибунæйæ сæ позици фехъусын кæныны фадат раттын, Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы æдасдзинады фарстатæм æркæсыны бæсты, Организаци азæй азмæ хæцы «дывæр стандартты» позицийыл.
Резолюци нымайæм иуварсон, сыдывд, æцæгадæй дардыл, æмæ сидæм Хуссар Ирыстоны ‘рдæм стырдæр бæрндзинадмæ.
2025 азы хурхæтæны мæйы 4-æм бон