Хурхæтæны мæйы 10-æм бон Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар РПП «Иудзинад»-ы фæхуындæй хайад райста Тымбыл фынг «Уæрæсе æмæ Хуссар Ирыстон: хæларад æмæ æмгуыстады фидар кæнынад»-ы куысты, кæцы ацыд Уæрæсейы бæрæгбоны цытæн.
Мадзалы хайад райстой Цхинвалы уæвæг Уырыссаг хæдзары Сæрдар Сергей Комиссаров, РХИ-йы уæвæг УФ-йы минæварады 3-æм секретарь Петр Мазин, РХИ-йы Президенты Администрацийы, РХИ-йы Парламенты минæвæрттæ, РХИ-йы Мыхуыр æмæ информацийы комитеты Сæргълæууæг Хъотайты Мария, Алайнаг Хъазахъхъаг æфсады атаман Джибилты Руслан, РЦИ-Аланийы Рахисфарсы районы Минæвæртты æмбырды сæргълæууæджы Хæдивæг Куыдзойты Рита, афтæмæй ма зонадон æмæхсæнады минæвæрттæ.
Хайадисджытæ æрдзырдтой Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы ‘хсæн хæларадон æмахастыты размæдзыды истори æмæ дарддæры райрæзтыл, афтæмæй ма банысан кодтой Уæрæсейы бынат хуссарирыстойнаг паддзахады арæзтады.
Джиоты Æхсар йæ раныхасы бахахх кодта Хуссар Ирыстоны æдасдзинад бахъахъхъæныны хъуыддаджы Уæрæсейы хайбавæрд. Ныфс дары, дыууæ бæстæйы 'хсæн интеграцион процесстæ дарддæр дæр кæй рæздзысты.
2025 азы хурхæтæны мæйы 10-æм бон