Арфæйы фыстæг Уæрæсейы Федерацийы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Сергей Лавровмæ Уæрæсейы боны цытæн

А.М. Джиоев и С.В. Лавров

Уæрæсейы боны цытæн Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар арвыста арфæйы фыстæг Уæрæсейы Федерацийы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Сергей Лавровмæ.

Сæрмагондæй, арфæйы дзырдæуы:

«Хурхæтæны мæйы 12-æм бон у бирæнацион Уæрæсейы сæрыстырдзинад, адæмон иудзинад æмæ æнгомдзинады символ. Уæрæсейы адæмы хъæздыг истори, традицитæ æмæ монон миниуджытæ сты фидар бындур ног æнтыстытæ, сгуыхтдзинæдтæ æмæ уæлахизæн.

Дунейы æндыгъд уавæры Хуссар Ирыстон стыр аргъ кæны Кавказы регионы æдасдзинад æмæ стабилондзинад бахъахъхъæныны хъуыддаджы Уæрæсейы хайбавæрдæн. Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы ‘хсæн дæргъвæтин хæларадон ахастытæ систы фидар бындур дарддæры æмархайдæн.

Фидарæй мæ уырны, иумæйаг куыст дарддæр дæр ахъаз кæй уыдзæн дывæрсон æмгуыстады размæдзыдæн».

Афтæмæй ма Уæрæсейы боны цытæн Джиоты Æхсар арвыста арфæйы фыстæг Уæрæсейы Федерацийы Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын Минæвар Хуссар Ирыстоны Марат Кулахметовмæ.

12.06.2025