Ирон адæмы геноцидæй 105 азы рацыды охыл

Хурхæтæны мæйы 20-æм бон Хуссар Ирыстоны цæуынц Ирон адæмы геноциды амæттæгты мысæн боны охыл мадзæлттæ. Геноцид арæзт æрцыд 1920 азы сæрды гуырдзиаг къухдариуæгады ‘рдыгæй. 

1920 азы Гуырдзыстоны æфсады тугамæхст операцийы фæстиуæгæн фæмард сты мингай ирон цæрджытæ. Адæм фæхъуыдысты куыд гуырдзиаг хæстонты къухæй, афтæ Стыр Кавказы æфцджыты сæрты хизгæйæ уазал æмæ æххормагæй. 50 мин адæймаджы фесæфтой сæ хæдзæрттæ, сæ ис. Æндæр бон сæ нал уыд, куыд сæ цард хъахъхъæнгæйæ, Хуссар Ирыстонæй ацæуын. 

Гуырдзиаг æфхæрджыты къухтæй фæхъуыд Хуссар Ирыстоны ирон цæрджыты æртыккаг хай, сæдæгай хъæутæ сыгъд баййæфтой. 

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады кусджытæ хайад райстой 13 ирон коммунары Мемориалон цыртмæ дидинтæ сæвæрыны церемонийы. 1920 азы хурхæтæны мæйы 20-æм бон 13 коммунары æхст æрцыдысты гуырдзиаг æфхæрджыты къухтæй Згъудеры къуылдымыл. 

13 сахатыл æппæт Республикæйы расидтæуыд минут æдзæмæй алæууыны акци. Цхинвалы аргъуанты ацæудзысты ирон адæмы геноциды амæттæгты номыл мысæн службæтæ. 

2025 азы хурхæтæны мæйы 20-æм бон

20.06.2025