Дамаскы террористон акты трагикон фæстиуджыты охыл Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад арвыста мæсæллæйы нотæ Сириаг Араббаг Республикæйы Фæсарæйнаг хъуыддæгтæ æмæ æмбæстæгты хъуыддæгты фæдыл министрадмæ.
Нотæйы дзырдæуы:
«Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад Республикæ Хуссар Ирыстоны къухдариуæгады номæй мæсæллæй кæны 2025 азы хурхæтæны мæйы 22-æм бон горæт Дамаскы æрцæугæ террористон акты трагикон фæстиуджыты фæдыл.
Уаз Илияйы аргъуаны æрцæугæ трагеди йæ фæстæ расайдта æнаххосджын æмбæстæгты мæлæт. Уый ногæй равдыста терроризмы ныхмæ тохы ахсджиагдзинад. Ныфс нæ ис, аххосджынтæ иууылдæр кæй баййафдзысты æмбæлон æфхæрд.
Министрад тæфæрфæс кæны чи фæмард, уыдон бинонтæ æмæ хиуæттæн, чи фæцæф, уыдонæн та æрвиты тагъддæр сæнæниз уыны фæндиæгтæ».