2009 азæй райдайгæйæ, Гуырдзыстон æрвылаз дæр рахæссы Иугонд Нациты Организацийы Генералон Ассамблейы рæгъмæ Хуссар Ирыстон æмæ Абхазæй лигъдæтты фæдыл резолюци. Азæй азмæ документ фæлхат кæнгæйæ, Гуырдзыстоны фæнды дунеон æмæхсæнадæн бауырнын кæнын лигъдæтты проблемæмæ иуварсон, политизацигонд æмæ сыдывд цæстæнгас, уыимæ иумæ ма сæ фæнды равдисын сæ бартæ сыхаг паддзахадтæ – Республикæ Абхаз æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны территоритæм.
2025 азы хурхæтæны мæйы Гуырдзыстон цы Резолюци бадæтта лигъдæтты фæдыл, уый бынтондæр нæ хицæн кæны раздæры Резолюцитæй. Резолюцийы автортæ басусæг кодтой, лигъдæтты фæзынд комкоммæ кæй у Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы ныхмæ Гуырдзыстон цы хæстытæ расидт, уыдон фæстиуæг. Дзырд нæ цæуы ууыл дæр, æмæ сæ цард ирвæзын кæнынмæ Гуырдзыстоны территорийæ кæй фæлыгъдысты Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацимæ сæдæ мин ирон адæймагæй фылдæр.
Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы хицауадтæ сæхæдæг кæй æрбаздæхтой мингай гуырдзиаг лигъдæтты сæ цæрæнбынæттæм, уый дæр сусæг цæуы. Гуырдзыстон цы резолюцийы текст бахаста, уый нæдæр политикон æцæгдзинадæн дæтты дзуапп, нæдæр цæуы нысан, Хуссар Ирыстон æмæ Абхаз хæдбар паддзахадтæ кæй сты, уый. Гуырдзыстон бынтондæр нæ хъавы зын гуманитарон проблемæтæ аскъуыддзаг кæнын.
Бæрæг у, æмæ азæй азмæ Гуырдзыстон цы резолюци хæссы, уый бынтондæр ахъаз нæу лигъдæтты проблемæ аскъуыддзаг кæнынæн. Уымæй дарддæр ма Гуырдзыстон æмæ йæ «хæлæртты» къорд æхсæнадæмон фæзуатты лигъдæтты проблемæ кæй политизацигонд кæнынц, уый бар нæ дæтты, цæмæй йыл æрдзырдæуа Фæскавказы Æдасдзинад æмæ стабилондзинады фæдыл æхсæнадæмон дискусситы.
Кæд æмæ Гуырдзыстон лигъдæтты æмæ мидбынаты иу ранæй иннæ ранмæ чи ацыд цæрынмæ, уыдоны проблемæимæ баст фарстатæ хæссы æхсæнадæмон орган ИНО-йы Генералон Ассамблейы рæгъмæ, уæд Хуссар Ирыстон æмæ Абхаз домынц, цæмæй сын ИНО-йы Генералон Ассамблейы фæзуаты ацы проблемæ скъуыддзаг кæныны бар уа.
Цалынмæ Абхаз æмæ Хуссар Ирыстоны фæсчъылдым лигъдæтты проблемæ политизацигонд цæуа, уæдмæ Женевæйы дискуситы фæлгæтты йе скъуыддзаг кæнынæн бынтондæр ницы нысаниуæг уыдзæн. Цæмæй проблемæйыл куыст райдайа, уый тыххæй йæ политизаци кæнын нæ хъæуы, фæлæ Гуырдзыстонæн хъæуы равдисын цæттæдзинад Хуссар Ирыстон æмæ Абхазимæ конструктивон диалог сног кæнынмæ.
2025 азы хурхæтæны мæйы 26-æм бон