Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсары хайадисты фæдыл Боливариайнаг Республикæ Венесуэлæйы Хæдбардзинады боны цытæн мадзæлтты

Мероприятия по случаю Дня независимости Венесуэлы
Мероприятия по случаю Дня независимости Венесуэлы

Сусæны мæйы 5-æм бон Уæрæсейы уæвæг Боливариайнаг Республикæ Венесуэлæйы Минæварады фæхуындæй Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар хайад райста Боливариайнаг Республикæ Венесуэлæйы Хæдбардзинады боны цытæн мадзæлтты.

Венесуэлæйы Хæдбардзинады декларацийы бафыстæй 214 азы рацыды цытæн мадзал ацыд Мæскуыйы зынгæ латиноамерикæйаг хъайтар æмæ Латинаг Америкæйы адæмы сæрибардзинады символ Симон Боливары цырты раз. Мадзалы раныхас кодта Боливариайнаг Республикæ Венесуэлæйы Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын Минæвар Уæрæсейы Федераци æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Хесус Рафаэль Саласар Веласкес.

Джиоты Æхсар Хуссар Ирыстоны Президенты номæй раарфæ кодта национ бæрæгбоны цытæн æмæ венесуэлæйы адæмæн йæ зæрдæ загъта сабырад æмæ фæрныгады фæндиæгтæ, афтæмæй ма ныфс дары, Хуссар Ирыстон æмæ Венесуэлæйы 'хсæн хæларадон ахастытæ дарддæр дæр кæй фидар кæндзысты.

Венесуэлæйы национ хъайтары цыртмæ ацыд дидинтæ сæвæрыны церемони.

Бæрæгбоны фæлгæтты ацыдысты Венесуэлæйы историон-культурон традициты фæдыл мадзæлттæ.

Цытджын мадзалы уазджытæ систы Мæскуыйы аккредитацигонд дипломатон корпус, УФ-йы ФХъМ-йы, паддзахадон уагдæтты минæвæрттæ æмæ венесуэлæйы адæмы хæлæрттæ.

2025 азы сусæны мæйы 5-æм бон

05.07.2025