Майрæмты мæйы 5-æм бон Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар райста йæхимæ Республикæ Хуссар Ирыстоны уæвæг Сырх Дзуары Æхсæнадæмон Комитеты Сæрдар Саид Ассадуллайы æмæ РХИ-йы уæвæг СДÆК-ы Минæварады Æдасдзинады хайады кусæг Марко Дошлякы.
Ныхасы рæстæджы æрдзырдæуыд Хуссар Ирыстоны уæвæг СДÆК-ы Минæварады гуманитарон проекттимæ баст практикон фарстатыл. Афтæмæй ма хъуыдытæ загъдæуыд æндæр актуалон гуманитарон фарстатыл.
Фембæлды ма хайад райстой РХИ-йы ФХъМ-йы Æддагполитикон бастдзинæдты управленийы Сæрдар Джиджджойты Таймураз æмæ РХИ-йы уæвæг СДÆК-ы Минæварады Æдасдзинады хайады кусæг Тедеты Нана.
2025 азы майрæмты мæйы 5-æм бон