Майрæмты мæйы 7-8 бонты Республикæ Хуссар Ирыстоны ацæудзысты Хуссар Ирыстоны ныхмæ Гуырдзыстоны хæстон агрессийæ æвддæс азы рацыды охыл мысæн мадзæлттæ.
Цалынмæ 2008 азы майрæмты мæйы æнæхъæн дуне каст Пекины XXIX Сæрдыгон Олимпаг хъæзтыты бакæныны церемонимæ, уæдмæ Гуырдзыстон, æхсæнадæмон барады æппæт нормæты сæрты ахизгæйæ, мæнгардæй æрбабырста Хуссар Ирыстонмæ. Гуырдзиаг хæстон тыхтæ æхстой адæм кæм цæрынц, уыцы бæстыхæйттæ, цы æркодта стыр зиæнттæм. Атакæйы бын бахаудысты уæрæсейаг фидауынгæнджытæ дæр. Пырхæнтæ фестадысты социалон объекттæ, медицинон уагдæттæ.
Гуырдзиаг пълæнттæн сæххæст гæнæн нæ уыд, уымæн æмæ сæ ныхмæ слæууыд Хуссар Ирыстоны хъахъхъæнæн тыхты æмæ уæрæсейаг сæрибаргæнджыты хъæбатырдзинад. Уæрæсейы Федерацийы афоныл æххуыс фервæзын кодта Хуссар Ирыстоны адæмы бынтон скуынæг кæнынæй.
Тугкалд æрлæууын кæныны фæстæ Уæрæсейы Федерацийы хицауад 2008 азы майрæмты мæйы 26-æм бон рахаста историон уынаффæ – банымадта Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад.
Хайди Тальявинийы сæргълæудæй Евроцæдисы хæдбар къамисы доклады хатдзæгтæм гæсгæ банымадтой Гуырдзиаг хæстон агресси, фæлæ уымæ нæкæсгæйæ, официалон Тбилис канд уыцы æцæгдзинадыл нæу разы, фæлæ ма æвддæс азы дæргъы Хуссар Ирыстоны 'рдæм тыхæй ма спайда кæныны фæдыл бадзырдыл йæ къух нæ фыссы.
Нæ рыст нæ мынæг кæны. Абоны бон мах нæ сæртæ ныллæг къул кæнæм, сæ цардтæ йæ адæмы сæрибар сомбонæн чи ратта, уыцы хъайтарты рухс номы раз. Æнустæм нæ зæрдыл дардзыстæм Хуссар Ирыстоны сæрибары сæрвæлтау сæ цардтæ цы уæрæсейаг солдаттæ æмæ офицертæ æрхастой, уыдон рухс нæмттæ. Се сгуыхтдзинадæй алыхатт дæр сæрыстыр уыдзыстæм.
Гуырдзыстоны ‘рдыгæй Хуссар Ирыстоны ныхмæ хæстон агрессийæ æвддæс азы рацыды охыл мысæн мадзæлттæ ацæудзысты Республикæ Хуссар Ирыстоны дипломатон минæварадты Мæскуы, Сухум æмæ Тирасполы.
2025 азы майрæмты мæйы 7-æм бон