Майрæмты мæйы 7-8 бонты Республикæ Хуссар Ирыстоны цæуынц Хуссар Ирыстоны ныхмæ Гуырдзыстоны хæстон агрессийæ æвддæс азы рацыды охыл мысæн мадзæлттæ.
Майрæмты мæйы 7-æм бон ацыд къамты равдыст «08.08.08 – 08.08.25», уый фæстæ мемориалон комплекс «Хуссар Ирыстоны хъахъхъæнджытæн»-ы раз ацыд мысæн церемони, кæцыйы рæстæджы акцийы хайадисджытæ сæвæрдтой дидинтæ мемориалмæ æмæ фæмардуæвджыты рухс номыл ссыгътой цырæгътæ.
Майрæмты мæйы 8-æм бон дидинтæ сæвæрдæуыд Хуссар Ирыстоны хъахъхъæнджытæ цы бынæтты фæмард сты, уырдæм, се ‘хсæн Тъбеты хъæуы «Сыгъд удты музей»-ы централон монумент – «Хъынцъымы бæлас»-мæ. Майрæмты мæйы хæсты амæттæгты рухс нæмттыл Республикæйы аргъуанты ацыдысты мысæн службæтæ.
Хетæгкаты Къостайы номыл Паддзахадон драмон театры ацæудзæн Виктор Розовы пьесæмæ гæсгæ 'вæрд спектакль «Хæсты уынæр»-ы равдыст.
Мысæн мадзæлтты хайад райстой Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар æмæ Министрады кусджытæ.
Цхинвал, 2025 азы майрæмты мæйы 8-æм бон