Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады комментари ИНО-йы Æдасдзинады Советы кæцыдæр бæстæты фидиуæны фæдыл

МИД Южной Осетии

Нæ хъус æрдардтам ИНО-йы Æдасдзинады Советы кæцыдæр бæстæтæ-уæнгты минæвæртты фидиуæнмæ, кæцы загъд æрцыд 2008 азы майрæмты мæйы цаутæй 17 азы рацыды охыл рабадты.

Хуссар Ирыстонæн трагикон бонты «Гуырдзыстоны хæлæртты» радон фидиуæны дзырдæуы «аннекси», афтæ хуыйнæг Гуырдзыстоны территориалон иудзинад æмæ уæрæсейы гæрзифтонг тыхты æнæзакъонæй уæвынады фæдыл.

Гуырдзыстоны хицауады хæстон фыдракæндты, Хуссар Ирыстоны 2008 азы майрæмты мæйы мингай цæрджыты æмæ фидауынгæнджыты амарыны басусæгдзинад, афтæмæй ма официалон Тбилис æмæ йæ ныгуылæйнаг партнерты интерестæн дзуапп чи нæ дæтты, Тальявинийы къамисы куысты уыцы хатдзæгтæ ма нымайын у саразгæ агрессийыл бæрндзинад хæссынæй хи атигъ кæныны æвдисæн, кæцы бамбæхсын дæр нал æнтысы.

ИНО-йы Барамындты, уый нымæцы стыр æмæ чысыл нациты барты æмсæрдзинад сидæг уагæвæрдты фехæлд, хъыгагæн, дзурæг у ууыл, æмæ æхсæнадæмон организацийы трибуна у оккупацигонд афтæ хуыйнæг Гуырдзыстоны хæлæртты ‘рдыгæй æмæ ссис, æнæраст информаци кæм парахат кæны, дунеон æмæхсæнады рæгъмæ раст информаци чи нæ хæццæ кæны, ахæм бынат. Хуссарирыстойнаг æмæ абхазаг минæвæрттæн фадат кæй нæй ИНО-йы фæзуатæй сæ цæстæнгас зæгъын, уый у Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы адæмы барты хæлд æмæ дывæр стандартты политикæ.

Уæвæг æцæгдзинадимæ чи нæ разы кæны, уыдонæн та уæддæр бахъæудзæн райсын уыцы факт, æмæ гуырдзиаг паддзахадмæ Хуссар Ирыстон бынтондæр ницы бар дары. Хуссар Ирыстон – æхсæнадæмон æгъдауæй нымад паддзахад, кæцыйы суверенон статус дызæрдыггаг нæу.

2025 азы майрæмты мæйы 19-æм бон

19.08.2025