Арфæйы фыстæг Уæрæсейы Федерацийы Федералон Æмбырды Федерацийы Советы Æхсæнадæмон хъуыддæгты комитеты Сæрдар Григорий Карасинмæ Райгуырæн боны цытæн

А.М. Джиоев и Г.Б. Карасин

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар арвыста арфæйы фыстæг Уæрæсейы Федерацийы Федералон Æмбырды Федерацийы Советы Æхсæнадæмон хъуыддæгты комитеты Сæрдар Григорий Карасинмæ Райгуырæн боны цытæн.

Сæрмагондæй, арфæйы дзырдæуы:

«Де стыр профессионализм æмæ хисæрмагонд миниуджытæ нысан кæнгæйæ, фæнды мæ уæлдай тынг бахахх кæнын Уæрæсейы интерестæ хъахъхъæнын, уæрæсейаг-хуссарирыстойнаг политикон æмæ дипломатон ахастыты размæдзыды хъуыддагмæ дæ хайбавæрд. 

Хуссар Ирыстоны дын ис цыт æмæ кад куыд адæймагæн, кæцы уæзгæ хайбавæрд бахаста нæ бæстæты ‘хсæн стратегион партнерады райрæзт æмæ размæдзыдмæ, хуссарирыстойнаг дипломатион службæйы сфидар кæныны хъуыддагмæ».

23.08.2025