Майрæмты мæйы 26-æм бон нысан цæуы Уæрæсейы Федерацийы 'рдыгæй Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинады банымадæй æвддæс азы рацыды бæрæгбон.
Хуссар Ирыстоны адæм бирæ азты дæргъы фæтох кодтой сæ хæдбардзинадыл. Бирæ зындзинæдтæ, цæлхдуртимæ æмбæлдысты, уыдоны ‘хсæн 2008 азы майрæмты мæйы Хуссар Ирыстоны ныхмæ Гуырдзыстоны хæстон агресси, кæцы арæзт æрцыд ныгуылæны бæстæты æппæтварсон æххуысæй. Ацы цаутæ æркодтой регионы ног геополитикон реалиты сырæзтмæ.
Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад банымайгæйæ, Уæрæсе ссис йе 'дасдзинады æмæ хуссарирыстойнаг адæмы сабыр фидæны гарант. Уæрæсейы къухдариуæгады уынаффæимæ хуссарирыстойнаг адæмæн фæзынд сæрибарæй цæрыны бар, ныры зын æмæ æндыгъд политикон уавæрты фæзынд æххуыс.
Абоны бон Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсе дывæрсон æмгуыстады фадыджы дарддæр кæнынц Республикæйы хъахъхæнынад, æдасдзинад, экономикон æмæ социалон райрæзты фарстаты æппæтварсон æмархайд.
Дыууæ бæстæ æмæ адæмы хæлардзинад у рæстæгæй фæлтæрд. Хуссар Ирыстоны стыр аргъ кæнынц Уæрæсейы Федерациимæ политикон ахастыты æмвæзадæн æмæ æнæмæнгхъæуæгыл нымайынц æмгуыстады дарддæры райрæзт æмæ размæдзыд.
Бæрæгбоны хорзæх уæ уæд!
2025 азы майрæмты мæйы 26-æм бон