Республикæ Никарагуайы ‘рдыгæй Республикæ Хуссар Ирыстоны Хæдбардзинады банымады бонæй 17 азы рацыды цытæн Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар арвыста арфæйы фыстæг Республикæ Никарагуайы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Вальдрак Людвинг Джентске Уитакермæ.
Сæрмагондæй, арфæйы дзырдæуы:
«Дыууæ бæстæйы æхсæнпаддзахадон ахастыты историйы 2009 азы рухæны мæйы 3-æм бон æрæвæрдта фидар бындур хæлардзинад æмæ æмгуыстадæн. Ахсджиаг историон рæстæджы ацы къахдзæф нæ Республикæйæн ссис фидар ныфс.
17 азы дæргъы Хуссар Ирыстоны адæм стыр аргъ кæнынц Никарагуайы хицауады æгæрон æххуысæн, кæцы бындуриуæг кæны æхсæнадæмон барады нормæтæ, æмбардзинады принциптæ, рæстдзинад æмæ æнгомдзинадыл».
Афтæмæй ма Джиоты Æхсар арвыста арфæйы фыстæг Республикæ Никарагуайы Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын Минæвар Республикæ Хуссар Ирыстоны Альба Асусена Торрес Мехиямæ.